филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:22 пятница, 23 октября 2026
23 октября 2026, 10:49
Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй Горæтгæрон районы уыд æмбырд

Ныхас цыд, æвæстиатæй лыг кæнын кæй хъæуы, ахæм фарстатыл

Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй Горæтгæрон районы уыд æмбырд. Ныхас цыд, æвæстиатæй лыг кæнын кæй хъæуы, ахæм фарстатыл. Стыр æргом аздæхтой национ проекттæм æмæ паддзахадон программæтæм, социалон, коммуналон æмæ фæндаггон инфраструктурæмæ. Горæтгæрон районы муниципалон сконды сæргълæууæг Гаглойты Алан куыд радзырдта, афтæмæй хъæуы Дачнæйы хъæуы фельдшерон-акушерон пункты территори саив кæнын. Премьер-министр бабар кодта уыцы фарстайыл бакусын. Уымæй дарддæр ныхас цыд хъалонты æмæ арендон фиддонтыл. Дзанайты Барис исбоны министрадæн æмæ районæн бабар кодта ацы хъуыддагмæ бæстондæр кæсын. Горæтгæрон районы цæуынц егъау куыстытæ фæндаггон инфраструктурæ рæзын кæныны фæдыл. Национ проект «Бинонтæм» гæсгæ дарддæр арæзт цæуынц социалон объекттæ. Майскæйы æмæ Куырттаты аразынц сывæллæтты рæвдауæндæттæ 120 бынатæн. Черменыхъæуы рацаразынц скъола. Ацы аз бындурон цалцæг цыди районы 9 скъолайы æмæ рæвдауæндоны. Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хъараты Тимур куыд фехъусын кодта, афтæмæй  бæстон бакуыстой дондзæуæн системæйы модернизацийыл, цæмæй хæрзхъæд нуазыны дон хæццæ кæна Тарскæмæ, Октябрьскæмæ, Комгæронмæ, Сунжæмæ, Черменыхъæумæ æмæ Алханчуртмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania