23 октября 2026, 10:53
Мæздæджы районы Комаровайы хъæу сбæрæг кодта йæ 250 азы юбилей
Раздæры Екатерининский хуторæн бындур æвæрд æрцыд 18-æм æнусы кæрон
Мæздæджы районы Комаровайы хъæу сбæрæг кодта йæ 250 азы юбилей. Раздæры Екатерининский хуторæн бындур æвæрд æрцыд 18-æм æнусы кæрон. Уырыссæгтæ, ирæттæ, кæсгæттæ æмæ бирæ æндæр адæмыхæттыты минæвæрттæ цæрынц хæларæй, фыдæлты традицитæ хъахъхъæнгæйæ. Бæрæгбон сæ курдиатæй барæсугъд кодтой паддзахадон ансамбль «Терчы хъазахъхъæгты» солисттæ.




