Æппæт уавæртæм хæстæгæдæр рæстæг æркæсдзысты юристтæ
Хойрагмæ æфтауæн кæй ис, ахæм содæ аразæн заводы арæзтадыл ныхас цыд сæрмагонд мадзал «Владикавказ-Экспо 2021»-ы. Æппæт уавæртæм хæстæгæдæр рæстæг æркæсдзысты юристтæ. Æппæтадæмон базарадон онлайн-конференцийы архайдтой 100 куыстуатæй фылдæр Иранæй. Куыд бафиппайдтой, афтæмæй Дзæуджыхъæуы географион æвæрд тынг ахадгæ у æддагон базарадæн. Конференцийы программæ æххæст кæнгæйæ, фыст æрцыд протокол, ирайнаг-уæрæсейаг куыстуат «Торговый дом Персия» саразыны тыххæй. Уый фадат ратдзæн экономикон æмæ инвестицион бастдзинæдтæ фæфидардæр кæнынæн Иран æмæ Уæрæсейы хсæн. Уымæй дарддæр ма бафыстой цалдæр базарадон бадзырды æмгуыстады фæдыл. Уыдон æххæст кæнгæйæ, Уæрæсейæ Иранмæ экспортæй æрвитдзысты арæзтадон æрмæджытæ.