филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:16 вторник, 30 апреля 2024
08 февраля 2024, 11:54
Хоккейон клуб «Алайнаг фыранк» матч сарæзта Новочеркасскы командæ «Атаман»-имæ

Æрвылаз Уæрæсейы 7-æм февралы фæбæрæг кæнынц зымæгон спорты хуызты бон

Æрвылаз Уæрæсейы 7-æм февралы фæбæрæг кæнынц зымæгон спорты хуызты бон. Бæрæгбон ныффидар Уæрæсейы Олимпаг комитеты хъæппæрисæй æмæ йæ сбастой, Сочийы 2014-æм азы цы Олимпиадæ ацыд, уыимæ. Нæ республикæйы зымæгон спорты хуызтæ, уæлдайдæр та хоккей, тынг апарахат. Æрæджы хоккейон клуб «Алайнаг фыранк» матч сарæзта Новочеркасскы командæ «Атаман»-имæ. Куыд ацыдысты ерыстæ, уый тыххæй радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Хоккей уарзджытæ иууылдæр зонынц, ацы дзæнгæрæг цы нысан кæны, уый. Ома, матч райдыдта. Ихыл тохы бацыдысты командæтæ «Алайнаг фыранк» æмæ «Атамантæ». Хъазт у цымыдисаг. «Алайнаг фыранк»-ы галиу размæбырсæг Калоты Артур куыд зæгъы, афтæмæй сæхи бæстонæй цæттæ кодтой. Хоккеймæ æрбацыд, 3 азы йыл куы цыд, уæд.

Ирон клубы ныхмæ æрлæууыд Новочеркасскы командæ. Хыгъд фыццаг байгом кодтой уазджытæ. «Атамантæ» равдыстой иттæг хорз цæттæдзинад æмæ фæуæлахиз сты. Размæбырсæг Георгий Тарасов Цæгат Ирыстонмæ фыццаг хатт не ссыд. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ зæрдæмæ уæлдай тынг цæуы тыхджын командæтимæ хъазын.

Хъазт ацыд Цæгат æмæ Хуссар Кавказы федералон зылды кубок рамбулыны 3-аг къæпхæны ерысты фæлгæты хоккейæ, 11 азы онг кæуыл цæуы, уыдоны хсæн.  Зымæгон спорты хуызты боны кадæн ерыстæ аразынц æнæхъæн бæстæйы. Бæрæгбон къалендары фæзынд, Сочийы цы Олимпаг хъæзтытæ ацыдысты, уыдоны фæстæ. Хъазты раздæры къæпхæны вдисæнтæм гæсгæ, Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты 6 хуыздæр командæйы.

2013-æм азы республикæйы сарæзтой зымæгон спорты хуызты скъола. Æмæ уæдæй фæстæмæ хоккейæ архайæг лæппуты нымæц дæр фæфылдæр.

Зындгонд советон зарæджы зæгъынц: «Трус не играет в хоккей». Æмæ уый раст у. Уымæн æмæ ам, ихыл, лæппутæ æрмæст сæ дæсныйадыл нæ бакусынц, фæлæ ма сæ хъаруйыл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania