Сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ ацыд 2022-æм азы октябры
Нæ эфиры дарддæры æрмæгæй та нæ фæнды ссарын батальон «Шторм Осетия»-йы уæнг, йæ Фыдыбæстæйы патриот, Жуковы номыл майданы хицау Сосранты Хатуйы фырт Фидары рухс ном. Йæ бинонтимæ йын фембæлд Сосранты Жаннæ, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.
Фæндтæ баззадысты фæндтæй, йæ ныхæстæ та æппынæдзухдæр хъустыл уайдзысты, рæвдаудзысты Сосранты Хатуйы фырт Фидары хиуæтты, уд, æма зæрдæтæ. Йæ мад Лейлæйы ныхæстæм гæсгæ, æппæтæй зæрдæхæлардæр æмæ фæлмæндæр уый уыд.
Фидар сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ ацыд 2022-æм азы октябры. Алы хатт дæр отпускы ссæугæйæ, кæнæ цæф фæуæвгæйæ, тагъд кодта йе *мбæлттæн фарсхæст радтынмæ. Нæ агуырдта æфсонтæ, йæ уарзон бинонтимæ фылдæр фæуынæн. Фæлæ йын фæстаг хатт та цæугæ рауад, ацу æмæ мауал æрбацуйы фæндагыл. Йæ цард аскъуыд 38 аздзыдæй. Æнæ фыдæй баззадысты æртæ сывæллоны.
Уыцы цæфтæ æгæр уæззау разындысты, æмæ сын Фидары уд нæ бафæрæзта. Ростовмæ ма йæ бæргæ фæхæццæ кодтой, фæлæ …фæлæ фыдæзнаджы фæндон баци йæ цард.
Фидар,кæд кæстæр уыд, уæддæр йæ фæлмæн цæстæнгæсай рæвдыдта æппæты дæр. Ныр ын мысынц йæ ныстуантæ æмæ хъуыдытæ.
Размæ цыд, фæлæ дзы иу усм дæр не рох кодтой йæ бинонтæ, йæ фæрныг мад. Уæвгæ, йæ ахуыргæнæг Реуазты Людмилæ дæр, фыццаджыдæр фæбæрæг кодта, Фидар сывæллонæй дæр лæггад ракæнынмæ разæнгард кæй уыд.
Фыдыбæстыйы аккаг æмæ йæ дзырдæн лæг уæвын, йæ алфамбылай адæмы барæвдауын, макæй зæрдæхудты бацæуын, уыд йæ сæйрагдæр царды нысан. Фæлмæнзæрдæ фырт, уарзон æфсымæр, зæрдæхъæлдзæг фыд, цардæмбал, хорз хæлар æмæ æцæг патриот Сосранты Хатуйы фырт Фидарæн.
Йæ хъæбатырдзинады æмæ лæгдзинады тыххæй Сосранты Фидар, УФ-йы Президенты унаффæмæ гæсгæ,хорзæхгонд æрцыд Паддзахадон хæрзиуджытæй. Йæ бинонты ныхæстæм гæсгæ сын лæвæрд цæуы Паддзахадон æххуыс дæр.




