Регионалон диспетчерон службæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æрмæст фæстаг суткæйы хыгъд æрцыди 6 зынгсирвæзты бынаты
Республикæйы районты судзы хус кæрдæг. Регионалон диспетчерон службæйæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй фæстаг суткæмæ сбæрæг кодтой 6 зынгсирвæзты бынаты: Балтайы, Попов Хуторы, Дайраны æмæ Хъобангомы, Хохы Карцайы æмæ Тарскæйы. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, арт ахуыссын кодтой, бынæттон цæрджытæн тæссаг ницæмæй у. Фидараты Маринæ радзурдзæн дарддæр.
Цми æмæ Балтайы зынгсирвæзтытæ кæй райдыдтой, уый тыххæй хъусынгæнинаг Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадмæ цыди фæстаг цалдæр боны. Знон изæры та социалон хызты апарахат сты судзгæ хъæды кадртæ. Уавæр уæлдай тæссагдæр кæнын райдыдта. Балтайы цæрæг Этери Лотишвили зынгсирвæзты тыххæй базыдта, сæхимæ Дзæуджыхъæуæй куы цыди, уæд.
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады машинæ æхсæвы рад хаста Солнечныйы уынджы. Цæрæн хæдзæрттæм ма баззади 500 метры онг. Этери æнæхъæн изæр йæ хæдзарыл калдта дон, уымæн æмæ тарсти — арт йæ кæртыл кæй апарахат уыдзæн, уымæй. Абон та æнæхъæн бон дуæрттæ æмæ рудзгуытæ дары гомæй, цæмæй фæздæджы тæф мауал кæна, уый тыххæй.
Сыхаг уынджы цæрджытæ дæр нæ фынæй кодтой. Ам арт тынг хæстæг бахæццæ хæдзарадон арæзтæдтæм.
Казбек Матиев 50 азæй фылдæр фидæны агрономтæн лæвæрдта æрдзы арæзтады бындуртæ. Куыд зæгъы, афтæмæй зынгсирвæзт æрцыд, адæм æдасдзинады домæнтæ кæй не ххæст кæнынц, уый тыххæй.
Специалисттæ зæгъынц — арт, чи зоны, æмæ расайдтаид стырдæр фыдбылызтæм, уымæн æмæ адæм арæх бандзарынц хус кæрдæгыл.
Абон уавæрмæ цæуы бæстон цæстдард, зæгъынц Дзæуджыхъæуы администрацийы. Хорз æмæ зынгсирвæзт ахуыссын кæнын бантыст афоныл, æмæ арт нæ апарахат бæлæсты сæртыл. Уый тыххæй бузныг хъæуы бынæттон цæрджытæн зæгъын. Рагацау бæрнон ведомтвотæм кæй фæхабар кодтой, уый фæрцы. Дзæуджыхъæуы администрацийы кусджытæ сидынц республикæйы цæрджытæм, цæмæй уой къæрцъхъусдæр, æмæ æрдзыл аудой.




