филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:12 четверг, 09 мая 2024
05 марта 2021, 14:18
Хуссар Æфсæддон зылды æфсады медицинон кусджытæ архайдтой службæгæнджыты ирвæзын кæныны ахуырты 58-æм æфсады полигоны

Хæслæвæрдтæ сæххæст кæнын хъуыди къуылымпыдзинæдтимæ æмбæлгæйæ

Хуссар Æфсæддон зылды æфсады медицинон кусджытæ архайдтой службæгæнджыты ирвæзын кæныны ахуырты 58-æм æфсады полигоны. Хæслæвæрдтæ сæххæст кæнын хъуыди къуылымпыдзинæдтимæ æмбæлгæйæ. Дохтыртæ  салдæтты хастой, цæлхдурты сæрты хизгæйæ. Æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ, цæф чи фæци, уыцы салдæтты ахастой сындз телты сæрты, цæугæдоны уылты, æмæ тæссаг фæндæгтыл, цалынмæ бынатмæ бахæццæ сты, уæдмæ. Уымæй уæлдай, ахуырты архайджытæ сæххæст кодтой дамбацайæ æхсынæй нормативтæ. Æфсæддонтæ архайдтой фыццаг æххуыс бакæныны мадзæлттыл дæр. Хуссар æфсæддон зылды службæгæнджытæ цæттæ кæнынц æфсæдты хсæн ерысты архайынмæ. Ацæудзæн Дзæуджыхъæуы, 58-æм æфсады бындурыл, уалдзæджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania