15 декабря 2020, 13:07
Хуссар æфсæддон зылды мысанæхсджытæн «Тарскæ»-йы полигоны уыди стыр ахуыртæ
Æфсæддонтæ сæххæст кодтой бирæ хæслæвæрдтæ
Хуссар æфсæддон зылды мысанæхсджытæн «Тарскæ»-йы полигоны уыди стыр ахуыртæ. Æфсæддонтæ сæххæст кодтой бирæ хæслæвæрдтæ. Пайда кодтой Т-90 танктимæ, БМП-3 æфсæддон машинæтæй, грананометтæй, стæй æндæр хæцæнгарзæй. Ахуырты фенæн уыди, æнæ пилотæй чи тæхы, ахæм аппараттæ æмæ æфсæддон техникæйы колоннæтæ. Æфсæддонтæ æхстой бæрæг мысантæм. Ахуырты рæстæг сбæлвырд кодтой офицерты цæттæдзинад æмæ æппæт æфсæддонты профессионалон уавæр. Ахуыртæм бæстонæй сæ цæстд дардтой 58-æм æфсады сæрмагонд къамисы уæнгтæ. Тактикон хæслæвæрдты архайдтой мин æмæ 5 сæдæ æфсæддонæй фылдæр, 300 иуæджы æфсæддон æмæ сæрмагонд техникæ.
темæмæ гæсгæ