филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:16 среда, 22 июля 2026
21 июля 2026, 13:45
Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Уæллаг Ручъы кадджын уавæры байгом Плиты Грисы бюст

Мадзалы архайдтой дыууæ республикæйы интеллигенцийы минæвæрттæ

Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Уæллаг Ручъы кадджын уавæры байгом зындгонд прозаик, драматург, тæлмацгæнæн æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон поэт Плиты Грисы бюст. Мадзалы архайдтой дыууæ республикæйы интеллигенцийы минæвæрттæ, Саратовы æмæ Волгограды ирон диаспорæты делегацитæ, поэты хиуæттæ æмæ йын йе сфæлдыстадæн стыр аргъ чи кæны, ахæм адæм. Плиты Грисы ном хæссынц Дзæуджыхъæуы æмæ Цхинвалы уынгтæ, Октябрскæйы культурæйы галуаны библиотекæ. Ныр та нæ уарзон поэты сурæт сфæлыстой бронзæйæ. Бюсты автор-скульптор Гаглойты Владимир. Плиты мыггаг бузынг загътой меценаттæн драматурджы ном кæй сæнусон кодтой, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania