филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:15 суббота, 04 мая 2024
09 августа 2022, 11:18
«Хъуыддаджы Парти»-йы регионалон хайад дарддæр цæттæ кæны хъæлæс кæныны иумæйаг бонмæ

Уый тыххæй пресс-конференцийы фехъусын кодта партийы федералон советы секретарь Алексей Лапушкин

«Хъуыддаджы Парти»-йы регионалон хайад дарддæр цæттæ кæны хъæлæс кæныны иумæйаг бонмæ. Уый тыххæй пресс-конференцийы фехъусын кодта партийы федералон советы секретарь Алексей Лапушкин. Раздæр та Цæгат Ирыстоны Центрон æвзарæн къамис партийы кандидатты хыгъд не сфидар кодта. Моргуаты Жаннæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй хъуыддаг афтæ рауад уый тыххæй, æмæ æвзарджыты къухфыстытæ ист цыдысты «Уæрæсейы Посты» хайады. Уым та фæфидынц социалон фиддонтæ. Алексей Лапушкин журналисттæн фехъусын кодта, посты хайады бæстыхайы иу хай ист кæй æрцыд арендæйы, сæрмагондæй къухфыстытæ æмбырд кæнынæн. Партийы минæвæрттæ сæ курдиат бахастой Цæгат Ирыстоны Сæйраг тæрхондонмæ, æмæ бадомдтой, цæмæй сын Центрон æвзарæн къамис сæ кандидатты хыгъд сфидар кæна, уый тыххæй. Тæрхондоны æмбырды посты хайады минæвар радзырдта, къухфыстытæ æмбырд кæныны рæстæг посты хайады социалон фиддонтæ кæй нæ цыдысты, уый, – загъта партийы федералон советы секретарь. Фæлæ сын уæддæр тæрхондон сæ хъаст растыл нæ банымадта. Закъонмæ гæсгæ ныр пратийæн ис рæстæг, тæрхондоны уынаффæмæ ногæй æркæсынæн, бахахх кодта «Хъуыддаджы партийы» юрист.

Ныридæгæн Цæгат Ирыстоны Центрон æвзарæн къамисæй куыд фехъусын кодтой, афтæмæй «Хъуыддаджы партийы» регионалон хайад, къухфыстытæ æмбырд кæнгæйæ, цы уавæры бахаудта, уымæ æмхуызон цæстæнгас нæй. Федералон закъонæвæрынады бæлвырд фыст ис, социалон фиддонтæ кæм кæнынц, ахæм бынæтты къухфыстытæ æмбырд кæнæн кæй нæй, уый. Уымæн æмæ æвзарджыты зондахастыл ахадын не мбæлы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania