филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:00 суббота, 18 мая 2024
28 января 2021, 11:25
Хуымæллæджы сывæллæтты рæвдауæндоны ныртæккæ цæуынц рацарæзты куыстытæ

Бындурон цалцæггæнæн куыстытæ дзы райдыдтой ацы азы райдиан

Хуымæллæджы сывæллæтты рæвдауæндоны ныртæккæ цæуынц рацарæзты куыстытæ. Бындурон цалцæггæнæн куыстытæ дзы райдыдтой ацы азы райдиан. Рæвдауæндоны сæргълæууæг Туаты Алан алы бон дæр æрбацæуы арæзтадон куыстытæ фенынмæ.

Уæвгæ, Хуымæллæджы цæры 3 мины æмæ 500 адæймагæй фылдæр. Иунæг рæвдауæндоны ис 140 бынаты, æмæ кусын райдыдта 1988-æм азы. 30 азмæ дзы бындурон цалцæггæнæн куыстытæ нæ цыдысты. Сæхи хъарутæй-иу æй саив кодтой кусджытæ сæхæдæг. Фæстаг рæстæг æм цыди 70 сабийы, æмæ рæвдауæндоны уавæртæ нырыккон домæнтæн дзуапп нал лæвæрдтой.  Бындурон цалцæгæн фæрæзтæ радих кодтой республикон бюджетæй. Арæзтадон фæзы ныртæккæ кусынц 30 адæймаджы.

Фæллойгæнджытæ ивынц бæстыхайы сæр, иннæтæ та – электрон тыхдæттæг телтæ. Куыстытæ цæуынц фæткмæ гæсгæ. Бындурон цалцæджы фæстæ сывæллæтты рæвдауæндон дзуапп дæтдзæн æдасдзинады нырыккон домæнтæн. Куыстытæ хъуамæ фæуой майы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania