филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:47 суббота, 04 мая 2024
02 апреля 2024, 12:10
Хуымгæнæны мæйы райдиан бæрæггонд фæцæуы мæргъты æппæтадæмон бон

Ацы аз бæрæгбоны символ у дзылы

Хуымгæнæны мæйы райдиан бæрæггонд фæцæуы мæргъты æппæтадæмон бон. Ацы аз бæрæгбоны символ у дзылы. Кавказы цъиуты ацы хуыз у тынг парахат. Уæвгæ та мæргъты бонæн ацы рæстæг хуымæтæджы нæ равзæрстой. Апрелы райдиан райдайынц базырджынтæ хуссарæй хæдзармæ здæхын. Цæмæй мæргъты нымæц хъахъхъæд æрцæуа, уый тыххæй орнитологтæ аразынц сæрмагонд хыгъдтæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Хъæдты хæрдмæдзог цъиуты Николай Иващенко рæвдаугæйæ хоны Юла. Уый – сæ фæлмæн зардмæ гæсгæ. Базырджын уазджыты базоны сæ цъыбар-цъыбурæй, сæ тæхынæй æмæ æндæр лыстæг хъуыддæгтæй. Орнитолог зоны алцыдæр мæргъты тыххæй, кæм æмæ куыд цæрынц, уый. Ныридæгæн бацæттæ кодта къæппæджытæ. Уыимæ – цъиуты ахсынæн нæ, фæлæ сын алывæрсыг æххуыс кæнынæн.

Николай Иващенко мæргъты бауарзта, 5 азы йыл куы цыди, уæд. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй уæлдай тынгдæр йæ зæрдæмæ фæцыди сæ алæмæты зарын. Йе мкусджытимæ алы уалдзæджы дæр фæахсынц мæргъты, цæмæй сбæрæг кæной – кæцытæ сæмбæлдысты сæ уæзæгыл, кæцытæ та стахтысты уазæгуаты. Хатгай кæй æрцахсынц, уыдоны нымæц схæццæ вæййы 100-йы онг. Специалисттæ фæпайда кæнынц сæрмагонд кусæнгæрзтæй, суанг хызтæй дæр. Фæлæ алы процедурæ дæр фæвæййы æмхуызон. Мæргъты ауадзыны размæ сын сæ къахыл бакæнынц алюминæй конд цæг. Алкæцыйæн дæр раттынц индекс æмæ номыр. Афтæмæй сæм æнцондæрæй ис цæстдарæн, ома кæдæм атæхынц, уый базонын.

Цæгат Ирыстоны сæйраг миграцион фæндæгтæ мæргътæн цæуынц Дайраны комы, Алагиры æмæ Дыгургомы. Ауылты фæтæхынц, Аравиаг æрдæгсакъадахы, Ираны æмæ Африкæйы ахстæттæ чи кæны, ахæм цъиутæ. Ныртæккæ базырджынтæ здæхынц сæ уæзæгмæ, æмæ аразынц къæйттæ. Уый та дзурæг у ууыл, æмæ орнитолгтæн æнæхъæн афæдз бирæ куыст кæй уыдзæн. Æмæ ууыл кæнынц цин. Уымæн æмæ сæ рæстæг æрвитдзысты сæ уарзон куысты уæлхъус. Стæй ма стыр æвæрæн бахæсдзысты наукæйы рæзтмæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania