Æфсæддон службæйы фæстæ йе ргом аздæхта æрмдæсныйадмæ
Хуымæтæг къалиутæй, дуртæй æмæ ма суанг калмы цармæй спайда кæнæн ис æрмдæсныйады. Хъуысаты Зæринæ æрдзон æрмæгæй аразы аивгæнæнтæ æмæ æндæр цымыдисаг дзаумæттæ. Æфсæддон службæйы фæстæ йе ргом аздæхта æрмдæсныйадмæ. Йæ хæдзар та сси æцæг сфæлдыстадон æрмадз. Чехойты Фатимæ радзурдзæн бæстондæр.
Афтæ зыны, цыма катальпæйы хæйттæ фыдконд æмæ лæмæгъ сты, фæлæ Хъуысаты Зæринæмæ афтæ нæ кæсы. Иу хатт сын раиртæста сæ хъомыс æмæ сæ рауайын кодта аивадон уацмыстæ – бæласы дыргътæй скодта тæбæгътæ æмæ панно.
Хуымæтæг балц Зæринæйæн свæййы хæзнатæ агурыны рæстæг. Йæ зæрдæмæ куы къалиу фæцæуы, куы æнахуыр дуртæ – сфæлдыстадон зæрдæ аивадмæ бирæ цыдæртæ сразæнгард кæнынц.
Афтæ дæр вæййы, æмæ ног æрмæджытæ фæзынынц æнæнхъæлæджы. Куы хиуæттæ, куы зонгæтæ æрбахæссынц цымыдисаг , æнахуыр дзаумæттæ. Страусы æйчыты, кæнæ кæсаджы цъæрттæ.. Хъуысаты Зæринæ уыдонæй спайда кодта аивгæнæнтæ æмæ шкатулкæтæ аразгæйæ.
Дзаумæттæ сæракæй, писийæ, гипсæй… Хъуысаты Зæринæ аразы статуэткæтæ, саив кæны нозты æвгтæ. Йæ алы дзаума дæр – архæстджын фæлмæн къухты куысты хатдзæг. Йæ коллекцийы сæрмагонд бынат ахсынц бæхты нывтæ. Ам ис бирæ куыстытæ национ стилы конд. Хуымацæй нывты *хсæн æрмæдæсныйæн æппæты уарзондæр у ацы куыст. Равдыста дзы къайы национ ирон дарæсы. Зæринæйы ныхæстæм гæсгæ, æппæты зындæр уыдис цæсты хаутæ скæнын.
Ацы куыст саразын домдта лæмбынæг ахаст. Пеноплексыл цы нывгонд уыдис, уый арæнтыл скодта арф лыгтæ. Уый у кинусайгы зындгонд техникæ. Уый фæстæ нывы хæйттыл ныффидар кодта хъуымацы гæппæлтæ.
Сфæлдыстадон сæрибардзинад – Хъуысаты Зæринæйæн йæ уды фæндон. 18 азы службæ кодта мидæфсады, фæллад уадзыны рæстæг куы *рцыд, уæд сси æхсæнадон архайæг – разамынд дæтты Цæгат Кавказы федералон æмæ Хуссар федералон зылдты граждайнаг æдасдзинады комитеты управленийæн. Æрмдæсныйадмæ фемхиц службæйы фæстæ.
Хъуысаты Зæринæ æууæнды, æрмдæсныйадмæ разæнгард кæны арфæйы тых. Арæх вæййы балцыты, æмæ йæ куыстытæй балæвар кæны Уæрæсейы алы регионты цæрджытæн.
Хъуысаты Зæринæ бæллы йæ куыстыты равдыст саразын. Æмæ уыцы бон куы *ралæууа, уæд йæ æрмдзæфæй равдыстыты зал æрмæст рæсугъд не скæндзæн, фæлæ аивадуарзджытæн байгом кæндзæн, авторы хъуыдытæ æцæгдзинад кæм систы, ахæм ног, цымыдисаг дуне.




