12 мая 2026, 10:27
Ирон литературæйы музейы арæзт æрцыд Калоты Хазбийы номарæн изæр
Ацы бонты йæ райгуырдыл сæххæст 105 азы
Ирон литературæйы музейы арæзт æрцыд Калоты Хазбийы номарæн изæр. Ацы бонты йæ райгуырдыл сæххæст 105 азы. Мадзал саразджытæ бацæттæ кодтой музейы фондæй æрмæджытæ: æмдзæвгæты æмæ пьесæты къухфыстытæ иронау æмæ уырыссагау, бинонты архивæй хуызистытæ, поэты хи дзаумæттæ. Литературон изæры архайдтой Хазбийы хæстæджытæ, стæй республикæйы сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ. 108-æм танкты бригады командæгæнæг Калоты Хазби фæмард Курскы къæлæты тохы. Хъæбатырыл цыди æрмæстдæр 21 аз. Ныгæд æрцыд Курскы облæсты хъæу Красная Полянайы. Йæ уацмыстæ хицæн кæнынц фыдыбæстæмæ уарзондзинадæй æмæ национ традицитæ æмбарынадæй. Ныртæккæйы рæстæджы дæр сты ахадгæ.




