филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:47 понедельник, 02 ноября 2026
19 сентября 2026, 10:00
Ирон литературæйы музейы арæзт æрцыд поэт, литературæиртасæг æмæ тæлмацгæнæг Ардасенты Хадзбатыры номарæн изæр

Куыд поэт, афтæ йæ литературон архайд райдыдта 1930–40-æм азты

Ирон литературæйы музейы арæзт æрцыд поэт, литературæиртасæг æмæ тæлмацгæнæг Ардасенты Хадзбатыры номарæн изæр. Куыд поэт, афтæ йæ литературон архайд райдыдта 1930–40-æм азты. Фæстæдæр Ардасенты Хадзбатыр йе ргом аздæхта литературæ иртасынмæ. Аспирантурæ фæуыны фæстæ бахъахъхъæдта кандидаты диссертаци, ирон литературæйы историимæ баст. 1959-æм азы мыхуыры рацыд йæ монографи «Ирон литературæйы рæзты очерк». Йæ иртæстыты автор йе ргом здæхта ивгъуыд æнусы 30-æм азты ирон поэзимæ, прозæмæ æмæ драматургиямæ, стæй национ литературæйы хицæн минæвæртты сфæлдыстадмæ. Номарæн изæры æрымысыдысты Ардасенты Хадзбатыры сфæлдыстадон æмæ наукон архайды сæйраг къæпхæнтæ. Программæйы айхъуыстысты йе мдзæвгæтæ. Музейы ма бацæттæ кодтой поэты æмæ иртасæджы чингуыты æмæ литературон куыстыты равдыст.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania