филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:02 вторник, 03 ноября 2026
08 июня 2021, 14:24
Ирон театры 58-æм æфсады 26 азы кадæн уыд кадджын æмбырд

Йæ фæлгæты паддзахадон æмæ æфсæддон хæрзиуджытæй схорзæхджын кодтой бæрæгбоны архайджыты

Ирон театры 58-æм æфсады 26 азы кадæн уыд кадджын æмбырд. Йæ фæлгæты паддзахадон æмæ æфсæддон хæрзиуджытæй схорзæхджын кодтой бæрæгбоны архайджыты. Афтæ, Бæстæйы президенты бардзырдмæ гæсгæ «Фыдæбæстæйы размæ сгуыхтдзинæдты тыххæй фыццаг къæпхæны» майданæй хорзæхгонд æрцыд булкъон Александр Гончаров. Дыккаг къæпхæны хæрзиуæг та радтой майор Дмитрий Дадетцевæн. Сергей Меняйлойы номæй та 58-æм æфсадæн раарфæ кодта республикæйы сæргълæууæджы æмæ Хицауады администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим. Сæ куыст зынгæдæр кæмæн уыд, уыдонæн радта кады гæххæттæ æмæ арфæйы фыстæджытæ. Мадзалы архайджытæн арæзт æрцыд концерт дæр. Архайдтой дзы Хуссар æфсæддон зылды зарды æмæ кафты ансамбльтæ «Новые самоцветы» æмæ «Белый орел».

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania