филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:32 среда, 08 мая 2024
12 июля 2023, 11:56
Ирыстойнаг спортсмен Бекъойты Азæмæт æнтыстджын къахдзæфтæ кæны, æмхæццæ хъæбысхæсты сæйрагдæр лигæйы чемпионы рон рамбулынмæ

Ивгъуыд мæйы Азæмæт фæуæлахиз америкæйаг спортсменыл æмæ йæ ном айхъуыст спортивон æхсæнады

Ирыстойнаг спортсмен Бекъойты Азæмæт æнтыстджын къахдзæфтæ кæны, æмхæццæ хъæбысхæсты сæйрагдæр лигæйы чемпионы рон рамбулынмæ. Ивгъуыд мæйы Азæмæт фæуæлахиз америкæйаг спортсменыл æмæ йæ ном айхъуыст спортивон æхсæнады. Тренировкæтæ кæны Америкæйы хуыздæр клубтæй иуы. Не мзæххоны ерыстæн-иу сæ 90 % фесты рагагъоммæ. 27 азмæ Азæмæтмæ ис бирæ спортивон æнтыстытæ. Йемæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд. Æмæ нын радзырдта, йе нкъарæнты, стæй ныртæккæ йæхи цæмæ цæттæ кæны, уый тыххæй. Касаты Наирæ бæлвырддæр.

Бекъойты Азæмæт зæрдæ куыд бавæрдта, афтæ йæ дзырд æххæст дæр скодта. Ацы чемпионы рон ласы Ирыстонмæ. Ахсджиагдæр тох кæронмæ æрхæццæ. Ныр гæнæн ис фæллад суадзынæн дæр, уæлдайдæр та, ерысты хатдзæгтæй зæрдæ куы райа, уæд. 2 уæрæсейаг роныл ма бафтыди америкаг дæр. Азæмæтæн æрдз радта æгæрон курдиат, æргом та йын æй ракодтой спортивон скъолайы.

Азæмæт Америкæйы тренировкæтæ кæны хуыздæр спортивон залы. Ирыстоны та йын йæ цæттæдзинадыл кусы хуыздæр тренертæй иу. Илаты Мараты цæстдардæй йæ тренировкæтæ цæуынц бæрзонд æмвæзадыл. Иу фезмæлд дæр ын æнæрхъуыдыйæ нæ уадзы. Тренеры ныхæстæм гæсгæ, уæлахизмæ фæндаг гом кæны, æрмæстдæр тренировкæтæгæнæн залы раст амынддзинæдтæ исыны фæрцы.

Спортсмены фидæны ерыстæн уыдзæни цалдæр хуызы. Се ппæт нæма рахъæр кодта, фæлæ зæрдæ бавæрдта, цымыдисаг кæй уыдзысты, уымæй. Ныртæккæ дæр кусы йе спортивон цæттæдзинадыл. Уымæн та йын æххуыс кæнынц йæ ныхмæлæуджытæ. Азæмæт тренировкæтæ цы залты кæны, уым спортсментæ иууылдæр сты номдзыд æмæ фæлтæрдджын.

Йæхи тренировкæтæй уæлдай ма Азæмæт дæсныйадæвдисæг ахуыртæ кæны сывæллæттæн дæр. Рæзгæ фæлтæры разæнгард кæны æнæниз цардыуагмæ. Спортивон фæндагыл нырма ныр чи æрлæууыди, уыцы фæсивæды рæдауæй зонгæ кæны йе нтыстдзинæдты сусæгдзинæдтимæ. Дæтты сын куыд физкультурон, афтæ психологон цæттæдзинад дæр.

7 азмæ Азæмæт йæхи базонын кодта спортивон æхсæнады. Уый нæ, фæлæ ма йæ сфидар кодта, йæ дæсныйады йын æмдых ныхмæлæууæг кæй нæй, уый.  Рацыд дунейы спортивон аренæмæ, æмæ дзы нымад æрцыди хуыздæрыл. Фæлæ ууыл æрлæууынмæ нæ хъавы. Разæй йæм æнхъæлмæ кæсы чемпионы рон рамбулыныл ерыс. Стæй, йæ бæллиц – профессионалон лигæйы æнтыстдзинад.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania