филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:02 среда, 08 мая 2024
17 марта 2021, 13:50
Ирыстойнаг спортсментæ фыццаг хатт историйы сызгъæрин майдантæ рамбылдтой Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионаты æмхæццæ хъæбысхæстæй

Форум ацыди Невинномыскы, æмæ дзы фесгуыхтысты Сохты Артур æмæ Сабеты Хетæг

Ирыстойнаг спортсментæ фыццаг хатт историйы сызгъæрин майдантæ рамбылдтой Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионаты æмхæццæ хъæбысхæстæй. Форум ацыди Невинномыскы, æмæ дзы фесгуыхтысты Сохты Артур æмæ Сабеты Хетæг. Фæсивæды хсæн бронзæ хæрзиуджытæ рамбылдтой Джыбылаты Давид æмæ Дзанæгаты Азæмæт. Цæгат Ирыстоны иугонд командæ 3 майданимæ турниры иумæйаг хыгъды бацахста дыккаг бынат. Ныртæккæ спортсментæ цæттæ кæнынц Уæрæсейы чемпионатмæ. Тренеры ныхæстæм гæсгæ, командæйæн йæ бон йæхи равдисын уыди ноджыдæр хуыздæр, фæлæ ныртæккæ сæйрагдæр у, бæрæггæнæнтæ афæдзæй-афæдзмæ хуыздæргæнгæ кæй цæуынц, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania