филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:22 пятница, 17 мая 2024
19 июля 2022, 17:24
Ирыстойнаг спортсментæ систы уæззау атлетикæйæ уæрæсейаг чемпионаты уæлахиздзаутæ

Спортсментæ сæ зæрдæ дарынц, тагъд рæстæджы сæ бон сæхи дунеон къæпхæны кæй уыдзæн равдисын, ууыл

Ирыстойнаг спортсментæ систы уæззау атлетикæйæ уæрæсейаг чемпионаты уæлахиздзаутæ. Цыди Хабаровскы 4-æм июлæй 9-æм июльмæ. Спортсментæ йæм сæхи цæттæ кодтой цалдæр мæйы. Кæд иууылдæр фыццаг бынæттæ нæ бацахстой, уæддæр сæхи равдыстой иттæг хорз. Чемпионатмæ цæттæ кæнгæйæ спортсментæ æмбæрстой, ныры уавæры Уæрæсейы минæвæрттæ дунеон къæпхæнмæ кæй нæ ацæудзысты, уый. Фæлæ сæ ныфс нæ асаст. Августы хуыздæрты хсæн уыдзæн спартакиадæ. Спортсментæ сæ зæрдæ дарынц, тагъд рæстæджы сæ бон сæхи дунеон къæпхæны кæй уыдзæн равдисын, ууыл. Бæлвырддæр радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Ирыстойнаг спортсментæ – Уæрæсейы уæлахиздзаутæ. 4-æм июлæй 9-æм июльмæ Хабаровскы цыд чемпионат уæззау атлетикæйæ. Æрыгон чызг Сотиты Янæ чемпионатмæ йæхи цæттæ кæнын райдыдта цалдæр мæйы раздæр. Куыд зæгъы, афтæмæй дæхиуыл бирæ куы кусай, уæд дын дæ куыст дæр пайда æрхæсдзæн. Æмæ уымæй раст у, уымæн æмæ Янæ сси чемпионаты уæлахиздзау.

Спортсментæ йæм сæхи цæттæ кодтой цалдæр мæйы. Кæд иууылдæр фыццаг бынæттæ нæ бацахстой, уæддæр сæхи равдыстой иттæг хорз. Наниты Тимур у олимпаг хъазтыты архайæг. Ныр дæр бацархайдта, Хабаровскы цы чемпионат ацыд, уым. Бацахста дзы дыккаг бынат. Фæлæ ууыл спортсмен æрлæууынмæ нæ хъавы. Йæхиуыл кусы æмæ бирæ фыдæбон кæны, цæмæй иннæ чемпионаты райса, куыд фæзæгъынц – реванш.

Чемпионатмæ цæттæ кæнгæйæ спортсментæ æмбæрстой, ныры уавæры Уæрæсейы минæвæрттæ дунеон къæпхæнмæ кæй нæ ацæудзысты, уый. Фæлæ сæ ныфс нæ асаст æмæ ацы къæпхæны бирæтæ систы уæлахиздзаутæ.

Наниты Руслан, Уæрæсейы сгуыхт тренер уæззау атлетикæйæ: «Куыд тренер, афтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фæндыд мæ, цæмæй нæ къухы фылдæр æнтыстдзинæдтæ бафта. Фæлæ уæддæр нæ спортсментæ сæхи хорз равдыстой. Лæппутæй иу бацахста дыккаг бынат, дыууæйæ та æртыккæгтæ. Чызджыты хсæн – Сотиты Янæ – 1 бынат, Челæхсаты Мæдинæ – 1 бынат æмæ Гаситы Зæринæ – 2 бынат.

Кæд спорортсментæн Европæйы чемпионатмæ ацæуыны фадат нæ уыд, уæддæр Уæрæсейы чемпионаты хатдзæгтæ барстой Европæйы æмвæзадимæ. Августы хуыздæрты хсæн уыдзæн спортакиадæ. Спортсментæ йæм сæхи тынг цæттæ кæнынц. Зæрдæ дарынц, тагъд рæстæджы сæ бон сæхи дунеон къæпхæны кæй уыдзæн равдисын, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania