филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:54 четверг, 18 апреля 2024
18 мая 2022, 10:22
Ирыстоны бирæ æзты арæзт цæуы æвзонг инспекторты Æппæтуæрæсеон конкус «Æдасдзинады цалх»

Ацы аз дзы бацархайдта 12 командæйы

Фæндæгтыл æдасæй цæуынæн хорз фæрæз. Ирыстоны бирæ æзты арæзт цæуы æвзонг инспекторты Æппæтуæрæсеон конкус «Æдасдзинады цалх». Ацы аз дзы бацархайдта 12 командæйы. Фыццаг æртæ бынатмæ рацыдысты Беслæны, Æрыдоны æмæ Цыколайы  скъоладзаутæ. Ныр сбæрæг, Федералон æмвæзады Ирыстоны кад чи хъахъхъæндзæн, уыцы командæ. Бæстондæр нын мадзалы кой ракæндзæн Сосранты Жаннæ.

Фæндаггон змæлды ацы архайджытыл кæд 10 азæй фылдæр нæ цæуы, уæддæр тынг арæхстджынæй сæхи æвдисынц фæндаггон змæлды уагæвæрдтæ зонынæй, куыд фæндагыл цæуджытæ, афтæ. Æвзонг инспекторты Æппæтуæрæсеон конкурс «Æдасдзинады цалх 2022»-йы регионалон къæпхæн ацы хатт баст у мидхъуыддæгты министрады системæйы  фæндæгтыл æдасæй цæуыны пропагандæйыл кусæг хайады  90 азимæ.   Бацархайдта дзы 12 командæйы. Се ппæт уыдысты районты къæпхæнты уæлахиздзаутæ.

Ацы конкурс арæзт цæуы 47 азы дæргъы.  Ныртæккæ æппæт Бæстæйы æрыгон инспекторты нымæц схæццæ 300 минмæ.   Се хсæн 122 скъоладзауы Цæгат Ирыстонæй, кæцытæ фæстаг 12 азмæ схъомыл кодтой закъон æххæстгæнæг фæндагыл цæуджыты егъау фæлтæр.

Хæслæвæрд сæххæст кæнын æнæ къуылымпыйæ. Къахæй зæхмæ ма бавналын, бæрæггонд хаххæй ма рахизын. Алы æнæраст сконд хъуыддагыл дæр æвзонг инспектортæ цæуынц иваргонд сæрмагонд баллæй. Цыколайы командæйы уæнг фæндзæм къласы ахуырдзау Гуйты Николь, фыццаг хатт фæлвары йæ зонындзинæдтæ велосипедыл цыдæй. Трассæ æнцондæртæй нæу, æнæ рæдыдæй рацæуæн дзы зын у.

Маневртæ, стæй  хæслæвæрдтæ тагъд  æмæ раст скæнын æнахуыр уавæрты фæндагыл. Æрæфы районы скъолайы ахуыргæнæг Хъæдохты  Анжелæйы ныхæстæм гæсгæ, сывæллæттæ тынг зæрдиагæй æмæ биноныгæй сæхи цæттæ кодтой. Районы къæпхæны кæй рамбылдтой, уый та ма сын радта фылдæр хъару республикон къæпхæны архайгæйæ.

Кæд ерыстæ сты сывæллæтты хсæн, уæддæр дзы æппæт хæслæвæрдтæ куыд æххæстгонд фæцæуынц, уымæ цæст фæдарынц лæмбынæг жюрийы уæнгтæ. Канд нывтæ сты сабитимæ баст, стæй теоретикон æгъдауæй цы фæрстытæн дзуапп фæдæттынц, уыдон дæр афтæ бирæ не сты. Фæбæрæг кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ сывæллæттимæ куыст кæй цæуы районты скъолаты сæрмагонд  æвзонг инспекторты кълæсты.

Конкурсы медицинон къæпхæн у тæккæ ирддæр. Ам алчидæр хъуамæ равдиса йæ сæрæндзинад адæймаджы цард фервæзын кæнынæй.

Экспертты ныхæстæм гæсгæ хæдтулгæйыл цæуыны бардæттæг гæххæт райсыны фæлварæнтæм, хи цæттæ кæнын райдайын æмбæлы сывæллонæй. Фæндаггон змæлды уагæвæрдтæ зонын алкæддæр у хъæугæ. Æвзонг инспекторты Æппæтуæрæсеон конкурс «Æдасдзинады цалх 2022»-йы регионалон къæпхæны уæлахиздзау та Ирыстоны кад хъахъхъæндзæн Федералон æмвæзады ерысты.   Уым æрæмбырд уыдзысты фæндаггон змæлды æвзонг инспектортæ æппæт Бæстæйæ. Ерыстæ фесты, фæлæ фидарæй зæгъæн ис, ам цы сывæллæттæ бацархайдта, уыдон кæй зонынц фæндагыл цæугæйæ цы кæнын хъæуы, цæмæй бæллæхы ма бахауай, уымæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania