Ацы хъæппæрис разынд Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг, академик Абысалты Юримæ
Ирыстоны хæхбæсты скъолаты дарддæр æххæстгонд цæуы проект «Нывгæнджытæ – хæхты сывæллæттæн». Ацы хъæппæрис разынд Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг, академик Абысалты Юримæ. Дæсныйадæвдисæг ахуырты архайдта бæстæйы хуссарварсы хуыздæр нывгæнджыты командæ. Сывæллæтты æрмæст сæ зонындзинæдтимæ нæ базонгæ кодтой, фæлæ ма сын балæвар кодтой нывкæнынады архайынæн цыдæриддæр хъæуы, ахæм кусæнгæрзтæ. Проекты авторы ныхæстæм гæсгæ, йæ размæ сæвæрдта хæс – хъæуты скъолаты рæзгæ фæлтæры нывкæнынады культурæмæ æмæ аивадмæ разæнгард кæнын, стæй курдиатджын сывæллæттæ агурын, цæмæй сын уый фæстæ фæндаг уа, бæстæйы аивадон тыгъдады хи бынат бацахсынмæ. Проект царды рацыди Уæрæсейы нывкæнынады академийы, нывгæнджыты Цæдисы æмæ Уæрæсейы нывгæнджыты сфæлдыстадон цæдисы æххуысæй.