09 сентября 2021, 11:55
Исбоны фарстатыл æрныхас кодтой Дзæуджыхъæуы минæвæртты сконды 23-æм сессийы
Депутаттæ сфидар кодтой ацы азæн приватизацийы пълан
Исбоны фарстатыл æрныхас кодтой Дзæуджыхъæуы минæвæртты сконды 23-æм сессийы. Депутаттæ сфидар кодтой ацы азæн приватизацийы пълан. Афтæ цалдæр муниципалон бæстыхайы хаст æрцыдысты хи къухтæм, кæнæ арендæйы. Уымæй дарддæр горæты балансыл сæвæрдтой Реданты хæтæлтæ æвæрыны куыст æмæ донцъирæн станцæ. Сессийы боны фæткы ма снысан кодтой, коррупцийы ныхмæ политикæйы мадзæлтты фæтк. Ивддзинæдтæ бахастой Дзæуджыхъæуы бюджетмæ 2021-æм азæн, æмæ фидæны пъланы мгъуыдæн.