филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:16 воскресенье, 19 мая 2024
11 апреля 2023, 11:24
Историон-документалон равдыст «Кавказы хъазахъхъæгтæ – Фыдыбæстæйы аккаг фырттæ» байгом ЦИПУ-йы

Экспозицийы бындуры сты архивон документтæ, хуызистытæ Дзæуджыхъæуы историйы æмæ Теркаг хъазахъхъæгты æфсæдты музейты экспонаттæ

Историон-документалон равдыст «Кавказы хъазахъхъæгтæ – Фыдыбæстæйы аккаг фырттæ» байгом ЦИПУ-йы.  Экспозицийы бындуры сты архивон документтæ, хуызистытæ Дзæуджыхъæуы историйы æмæ Теркаг хъазахъхъæгты æфсæдты музейты экспонаттæ. Уыимæ, рагон кусæнгæрзтæ, хæцæнгарзы хуызтæ æмæ символикæ. Равдысты хронологимæ гæсгæ æвдыст цæуынц хъазахъхъæгты историйы ирддæр рæстæджытæ.  Равдыст байгом кæныны мадзалы архайдтой университеты ректор Огъуаты Алан, национ политикæйы æмæ æддагон бастдзинæдты министр Бæгъиаты Алан, «Фыдыбæстæйы истори»-йы фонды æхæстгæнæг директор Гагкуты Руслан, хъазахъхъæгты æмæ æхсæнадон организациты минвæрттæ. Спикертæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй бæстæйы хъысмæты хъазахъхъæгтæн ис стыр ахадындзинад. Уыимæ, ныхас æрмæстдæр æфсæддон рæстæгыл нæ цæуы, фæлæ культурæйы къабазыл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania