филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:38 понедельник, 25 мая 2026
23 мая 2026, 10:19
«Иугонд Уæрæсе» сбæрæг кодта, партион проект «Горæты æнцонвадат цард»-ы фæлгæты аивгонд цы территоритæ цæуынц, уыдон

Активисттæ, Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды депутаттæ, стæй горæты администрацийы минæвæрттæ сбæрæг кодтой цалдæр объекты уавæр

«Иугонд Уæрæсе» сбæрæг кодта, партион проект «Горæты æнцонвадат цард»-ы фæлгæты аивгонд цы территоритæ цæуынц, уыдон. Активисттæ, Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды депутаттæ, стæй горæты администрацийы минæвæрттæ сбæрæг кодтой цалдæр объекты уавæр. Уымæй уæлдай, æркастысты доны былгæрæтты æмæ цалдæр фæлладуадзæн зонæмæ. Партион проект æххæстгонд цæуы 2017-æм азæй нырмæ. Уыцы рæстæгмæ къухы бафтыд сæдæгай кæртытæ æмæ æхсæнадон территоритæм базилын, уыимæ, æрмæст Дзæуджыхъæуы нæ, фæлæ республикæйы районты дæр. Фылдæр æргом здæхт цæуы фæндæгты уæлцъар æмæ бордюртæ аивынмæ, уынгты рухсытæ, бандæттæ æмæ бырондæттæ  æвæрынмæ,  фæзынди ног газонтæ. Бирæ рæтты арæзт æрцыди сывæллæтты æмæ спортивон фæзтæ дæр. Территоритæ равзарынц цæрджытæ сæхæдæг, хъæлæс кæныны фæткмæ гæсгæ. «Иугонд Уæрæсе»-йы депутаттæ сæ цæст дарынц программæ æххæст кæныны алы къæпхæнмæ дæр. Ацы проект хаст æрцыди партийы Адæмон программæмæ.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania