филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:35 суббота, 04 мая 2024
08 февраля 2024, 11:52
Иумæйаг хъуыдытæй, иумæйаг фæндтæй райгуыры егъау мадзал

Уыцы хъуыдыйыл хæст сты Цæгат Ирыстоны æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Уæлдæр совет»-ы минæвæрттæ

Иумæйаг хъуыдытæй, иумæйаг фæндтæй райгуыры егъау мадзал. Уыцы хъуыдыйыл хæст сты Цæгат Ирыстоны æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Уæлдæр совет»-ы минæвæрттæ.  Æрæджы йæ сæрдар сси республикæйы кадджындæр хистæртæй иу Уататы Зелимхан. Йæ фыццаг кусæг балц уыд Æрæфы районмæ.

Уазагуарзон, бæркад æмæ фыдæлты фарн кæм хъахъхъæнынц, уыцы хъæутæй иу у Æрæфы районы хъæу Хæзныдон. Æмæ уырдæм сæ фыццаг цæугæ кусæг фембæлдмæ хуынд æрцыдысты Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы  минæвæрттæ. Æмбырды рæстæг «Стыр Ныхас»-ы сæрдар Уататы Зелимхан бафиппайдта, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн ныры рæстæг æххуыс кæнын куыд ахсджиаг у, уый.

Уымæй уæлдай æрдзырдтой мадæлон æвзаджы рæзтыл дæр. Районы уазджытæ семæ сластой, «Стыр Ныхас» мыхуыры цы чиныг рауагъта, уый –  «Кæстæртæн хи дарыны фæтк». Фыст у иронау, дыгуронау æмæ уырыссагау.

Æнæрхъуыдыйæ нæ баззадысты, удуæлдай куыст чи кæны, уыдон дæр. Æхсæнадон змæлды сæрдар кады гæххæттытæй схорзæхджын кодта Хæзныдоны «Стыр Ныхас»-ы сæрдар Чибиты Оледжы, Лескены «Стыр Ныхас»-ы сæрдар Хидирты Валерийы æмæ Сырх–Дыгуры «Стыр Ныхас»-ы сæрдар Елойты Феликсы.

Уæлдай ныхасы аккаг у уый, æмæ ацы змæлды уæнгтæ кæй кæнынц хъæугæ куыст Ирыстоны цæрджыты иудзинад æмæ кæрæдзийы æмбарынадæн. Уый бæрæг дардта æмбырды алы фарстайыл дзургæйæ дæр.

Фембæлдысты æхсæнадон змæлды хъæуты разамонджытимæ. Æрдзырдтой, куысты рæстæг сын цы бантыст æмæ сæм фидæнмæ цы нысантæ ис, уыдоныл.

Мадзалы архайджытæ иуы хуызæн дзырдтой ахæм фембæлдтыты бæрзонд ахадындзинадыл. Уазджытæ разыйæ баззадысты Æрæфы районы Стыр Ныхасы куыстæй. Фембæлд саразджытæн та ракодтой, уæлдай арфæтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania