Скъола райдыдта академи «Алани»-имæ æмгуыстад кæнын
Иван Канидийы номыл скъола-интернат 16 азы æнтыстджынæй цæттæ кæны футболистты. Ныр ацы куыст фæтыхджындæр уыдзæн. Скъола райдыдта академи «Алани»-имæ æмгуыстад кæнын. Ахуыргæнæндоны зæрдæ дарынц, уый фæрцы футболистты цæттæдзинады системæ ахадгæдæр скæныныл. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Командæимæ ис 12-аздзыд Дриаты Аннæ дæр. Футбол ын ирхæфсæн мадзал рагæй нал у. Чызджы уырны, спорты ацы хуыз нæлгоймæгтыл æмæ сылгоймæгтыл нæ дих кæны. Футбол бауарзта йæ хистæр æфсымæры руаджы. Фыццаг иумæ кастысты матчтæм, уый фæстæ Аннæ йæхæдæг рацыд фæзмæ. Ныридæгæн архайдта цалдæр турниры. Йæ бæллиц та у – профессионалон футболисткæ суæвын.
Ныртæккæ Иван Канидийы скъола-интернаты футболæй архайы 50 сывæллоны онг – куыд лæппутæ, афтæ чызджытæ дæр. Æвзонг спортсментæ æдзух фæархайынц æппæтуæрæсеон, регионалон ерысты æмæ сывæллæтты футболон лигæйы турнирты. Тренерты ныхæстæм гæсгæ, хъомылгæнинæгты цæттæдзинады æмвæзад бæрзонд у. Абон ныхмæлæуд дæттынц республикæйы тыхджындæр командæтæн, сæйраг хæс та у, ацы спортмæ ноджы фылдæр сывæллæтты æргом раздахын æмæ ерысты географи фæпарахатдæр кæнын.
Футболы скъолайы райрæзты ног къæпхæн баст у академи «Алани»-имæ æмгуыстадимæ. Ног ахуыры азæй академи райдайдзæн цæттæ кæнын сывæллæтты 1-æм къласæй. Скъолайы разамынд куыд зæгъы, афтæмæй ахуырад, раздæрау, уыдзæн лæвар.
16 азмæ скъола-интернат иу фæлтæры футболистты не схъомыл кодта. Йæ иуæй-иу рауагъдонтæ ацы спортæй архайынц профессионалон æмвæзадыл. Ныр академиимæ æмгуыстады фæрцы ам зæрдæ дарынц æрыгон футболистты цæттæдзинады системæ ахадгæдæр скæныныл. Уыимæ ма ис лыггæнинаг фарстатæ дæр. 2 азы размæ футболы уæрæсейаг цæдис скъолайæн радта ног аразгæ уæлцъар æмæ футболон фæзæн нырыккон ифтонггæрзты комплект. Фæлæ æмбæлгæ уавæртæ кæй нæй, уымæ гæсгæ сæ ныридæгæн нырма сæвæрын нæ бантыст.
Августы скъола-интернаты бындурыл арæзт уыдзæн регионты хсæн турнир. Ам сæмбырд уыдзысты футболон командæтæ æппæт Цæгат Кавказы федералон зылдæй.




