филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:25 среда, 01 мая 2024
06 марта 2024, 13:15
Ивгъуыд аз Цæгат Ирыстон Уæрæсейы иннæ регионты хсæн федералон бюджетæй райста 83 милуан сомæй фылдæр

Уыцы фæрæзтæ радих кодтой агротуризмы къабазы райрæзтæн

Ивгъуыд аз Цæгат Ирыстон Уæрæсейы иннæ регионты хсæн федералон бюджетæй райста 83 милуан сомæй фылдæр. Уыцы фæрæзтæ радих кодтой агротуризмы къабазы райрæзтæн. Грантты æххуысы æмæ республикæйы æмархайды фæрцы, царды рауадздзысты 9 ахсджиаг проекты. Уыдоны хсæн – Дзуарыхъæуы экологон хъæу æмæ Кæрдзыны кæсагдарæн хæдзарад. Объектты тыххæй бæстондæр радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Хæххон уæлдæф, сыгъдæг продукци æмæ хи куыст. Дзуарыхъæуы царды уадзынц экологон хъæуы грантон проект. Ам республикæйы цæрджытæн æмæ уазджытæн фадат уыдзæн фермæйы кусджытимæ æмгуыст кæнынæн. Уазджытæн дзы уыдзæн сæрмагонд цех. Араздзысты дзы дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Кæй бафæнда, уымæн йæ бон уыдзæн хъуг æрдуцын æмæ урсагæй хойрæгтæ саразын. Ныридæгæн арæзт у иу коттедж. Фæнд ма кæнынц 4 саразын. Уымæй уæлдай ма, территорийы уыдзæн фæткъуы бæлæсты æмæ лавандæйы фæзтæ.

Цæгат Ирыстоны агротуризмы къабазы цы проекттæ уадзынц, уыдонæй иу у Кæрдзыны цы кæсагахсæнтæ фæзындзысты, уыдон дæр. Цад цы ран уыдзæн, уый равзæрстой. Уæдæ тагъд рæстæджы райдайдзысты куыстытæ дæр. Уыдзæн дзы 5 коттеджы, базилдзысты, хæстæг цы территоритæ сты, уыдонмæ дæр. Кæсаг ахсын чи уарзы, уыдонæн сæ бон уыдзæн ацы ран сæ рæстæг арвитын, стæй сæ кæд бафæнда, уæд кæсаг дарыны хæдзарады кусджыты хæстæ дæр сæххæст кæнын. Æмæ æппæт уыцы хъуыддæгтæ хыгъд сты агротуризмы проекты.

Уæрæсейы регионты хсæн Цæгат Ирыстон 2023-æм азы федералон бюджетæй райста æппæтæй фылдæр фæрæзтæ агротуризмы къабазы проекттæ царды рауадзыны тыххæй. Æдæппæтæй – 83 милуан сомы æмæ рдæг. Грантон æмæ республикон æххуысы руаджы рауаддзысты амалхъом адæмы 9 хъæппæрисы. Паддзахадон æххуыс амалхъом адæмæн ахъаз кæндзæн сæ проекттæ царды уадзынæн æмæ сæ райрæзтыл кусынæн.

Къусраты Алан куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы аз Уæрæсейы хъæууон хæдзарады министрад сараздзæн конкурс агротуризмы къабазы грант рамбулынæн. Ныридæгæн паддзахадон æххуыс цы цæгатирыстойнаг амалхъом адæмы райсын фæнды, уыдонæн кæнынц консультацитæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania