филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:44 суббота, 27 апреля 2024
14 марта 2024, 13:01
Ивгъуыд азы Цæгат Ирыстоны тарнизæй рынчынты нымæц, фæстаг азтимæ абаргæйæ, уыди æппæтæй къаддæр

Цæгат Ирыстоны тарниз парахат кæнын ма уадзыны закъон царды рауадзыны мадзæлттыл æрдзырдтой Парламенты депутаттæ

Ивгъуыд азы Цæгат Ирыстоны тарнизæй рынчынты нымæц, фæстаг азтимæ абаргæйæ, уыди æппæтæй къаддæр. Цæгат Ирыстоны тарниз парахат кæнын ма уадзыны закъон царды рауадзыны мадзæлттыл æрдзырдтой Парламенты депутаттæ. Фембæлды архайдтой профилон министрадты æмæ ведомствæты минæвæрттæ, стæй дзæбæхгæнæн-профилактикон организациты разамонджытæ. Тарнизы ныхмæ тох кæныны ахадгæдæр мадзæлттæй иутæ систы, республикæйы закъонмæ цы ивддзинæдтæ хаст æрцыди, уыдон. Амынд дзы ис, рынчынтæн сæ цæрæн уавæртæ хуыздæр кæнынæн иухаттон фиддонтæ дæттын. 2016-æм азы ахæм фæрæзтæ радтой 47 рынчынæн. Ныртæккæ бæстæйы парахат сты, тарнизы ныхмæ профилактикæйæн цы препараттæ хъæуы, уыдон се ппæт дæр, бæрзонд æмвæзадыл сты низы диагностикæ æмæ йæ дзæбæх кæныны мадзæлттæ дæр. Æмбырды куыд фæнысан кодтой, афтæмæй тарнизы ныхмæ вакцинæ дзуапп дæтты æппæт дунеон домæнтæн. Тарнизы инфекцийы скринингы уæрæсейаг специалистты практикæ та дунейы нымад у æппæтæй хуыздæрыл. Уымæй уæлдай, активонæй архайд цæуы, фтизиатрион службæйæн кадртæ цæттæ кæныныл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania