филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:04 понедельник, 06 мая 2024
31 мая 2022, 11:25
Ивгъуыд фæллауадзæн бонты Цæгат Ирыстоны ацыдысты спортивон нысанимæ

Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд Фидараты Аслæнбеджы номарæн фестиваль спортивон хъæбысхæстæй. Джызæлы та уыд цымыдисаг акци «Фæнды мæ чемпион суæвын

Ивгъуыд фæллауадзæн бонты Цæгат Ирыстоны ацыдысты спортивон нысанимæ. Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд Фидараты Аслæнбеджы номарæн фестиваль спортивон хъæбысхæстæй. Джызæлы та уыд цымыдисаг акци «Фæнды мæ чемпион суæвын». Æвзонг спортсментæн амынддзинæдтæ радта олимпаг чемпион Сидахъаты Зауырбег. Сæ фæлладуадзæн бон æхсызгонæй арвыста не сфæлдыстадон къорд дæр, æмæ ныхасы бар нæ уацхæссæг Гæджиты Сосланæн.

Фидараты Аслæнбеджы номыл спортивон хъæбысхæсты фестивалы программæйы уыдысты грепплинг, панкратион æмæ йæ уарзон уæгъдибар хъæбысхæст. Æвзонг спортсментæн ацы ерыстæн ис стыр ахадындзинад. Фадат сын дæтты турнирты фæлтæрддзинад райсынæн æмæ уæлахизты ад банкъарынæн.

Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ республикæйы уæгъдибар хъæбысхæст, раздæрау, у уарзондæр спорты хуызтæй иу.  Спорты галуан Манежы æрæмбырд сты фондз сæдæ фæндай спортсменæй фылдæр. Се хсæн чызджытæ дæр. Уыдонæн ахæм турнир цæуы фыццаг хатт.

Стыр спорты уæлахизтæ æмæ турниры хъайтартæ сывæллæтты разæнгард кæнынц спорты бæрзæндтæм. Афтæ Джызæлы арæзт æрцыд спортивон фестиваль «Фæнды мæ чемпион суæвын». Хъæуы цæрджытæ æмæ уазджытæ архайдтой волейболæй, баскетболæй, мини-футболæй æмæ рог атлетикæйæ турнирты. Уæлдай æхсызгондæр лæвар та сын уыд олимпаг чемпион Сидахъаты Зауырбегимæ фембæлын æмæ йемæ зарядкæ скæнын.

Физкультурон-дзæбæхгæнæн комплекс Джызæл кусы 2018-æм азæй фæстæмæ. Уарзондæр спорты хуызтæй дарддæр ма ам ис фадат тренажертæй архайынæн. Фестиваль хъуамæ рæзгæ фæлтæры ргом фылдæр здаха спортмæ æмæ физкультурæмæ.

Хæстæгдæр рæстæг Цæгат Ирыстоны фæзындзысты дыууæ ног спортивон фæзы. Уыимæ – сыгъдæг уæлдæфы. Нысан сæ кæнынц Мæздæджы æмæ Сунжæйы саразын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania