филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:21 среда, 01 мая 2024
26 октября 2021, 13:55
Ивгъуыд къырийы Цæгат Ирыстоны æрцыд 5 хи марыны хъуыддаджы

Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег

Ивгъуыд къырийы Цæгат Ирыстоны æрцыд 5 хи марыны хъуыддаджы. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег. Уыймæу уæлдай, вице-премьеры ныхæстæм гæсгæ, бахыгътой 10 фыдбылызы, уыдоны, дыууæ адæймаджы фæмард сты, 9-æй  та фесты сыгъдхъæстæ, уыдонæй дæр иу нæ фервæзт. Сергей Меняйло бахæс кодта, сæрмагонд центр, саразын, цæмæй йæ уæнгтæ, æвæстиатæй кусой информацийыл æмæ йæ афоныл хæццæ кæной. Уый тыххæй хъæуы структурæйыл æмæ бастдзинады линийыл бакусын. Уый æнæмæнг у районты дæр. Республикæйы Сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй «Службæ 112»-ы хæстæ гыццыл æндæртæ сты.

Æмбырды ма ныхас цыди льготæты хостæй ифтонг кæныны фарстайыл дæр. Регионы Сæргълæууæг загъта, ацы хъуыддаджы хъуамæ къуылымпыдзинæдтæ ма уа. Зæрдыл æрлæууын кодта, Владимир Путин, амæй размæ бахæс кодта, ковидæй рынчын адæмы дзæбæх кæнынмæ регонтæ æппæт хъæугæ хостæй сифтонг кæнын. Фæлхасадмæ цæстдарды управленийы разамонæг Тыбылаты Аланы ныхæстæм гæсгæ, ивгъуыд къуырийы рынчынты нымæц фæфылдæр 10%. Бафтыди рынчындæттæм чи хауы,  уыдоны нымæцыл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania