филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:23 четверг, 02 мая 2024
04 февраля 2021, 12:33
Йæ сины саст фæрæстмæ, ахæм æмбисонд пандемийæйы рæстæг æрцыд иуæй-иу куыстуæттыл

Уыдон уæззау уавæртæн бафæрæзтой, уыимæ ма сæ архайд дæр фæуæрæхдæр кодтой

Йæ сины саст фæрæстмæ, ахæм æмбисонд пандемийæйы рæстæг æрцыд иуæй-иу куыстуæттыл. Уыдон уæззау уавæртæн бафæрæзтой, уыимæ ма сæ архайд дæр фæуæрæхдæр кодтой. Ссардтой ног гæнæнтæ æмæ царды систы ахадгæ. Фылдæр – паддзахадон æххуысы программæты фæрцы. Дæнцæгæн хæссæм 2 куыстуаты. Сæ архайды сусæгдзинæдты тыххæй радзурдзæн Моргуаты Ладæ.

Беслæны хойраджы комбинаты куыст йæ тæмæны вæййы апрелæй октябры онг. Сæрмагонд бадзырдмæ гæсгæ дзы фæллой кæны 100 адæймагмæ ввахс. Бригадæтæн ис лæвар хæринаг æмæ фысымуат. Пандемийæйы рæстæг кусджыты нымæц нæ фæкъаддæр кодтой, уæдæ сæ мызд дæр сын фыстой афойнадыл. Сезонмæ ам скæнынц 800 мин банкæйы, уыдонæй 85% æрвыст цæуынц æндæр горæттæм, 15 та баззайы бынæттон базарады. Пандемийæйы агъоммæ куыстуат бафыста бадзырдтæ нæ бæстæйы цалдæр регионимæ, фæлæ низ парахат кæнын куы райдыдта, уæд тæссаг уыд сæ размæ æврæд хæстæ куы нæ сæххæст кæной, уымæй. Заказты нымæц дæр фæкъаддæр, халсарты аргътæ дæр аивтой. Фæлæ амалхъом адæмæн æххуысы регионалон программæты фæрцы куыстуаты архайд нæ баурæдта, суанг ма сæ рауагъдад фылдæр дæр фæцис.

Беслæны хойраджы комбинат цы грант рамбылдта, уый фæрцы цехтæ ифтонггонд æрцыдысты ног кусæнгæрзтæй. Фæзынд сæм быдыры кусынæн техникæ. Ацы азæй хъуамæ сæхæдæг æрзайын кæной джитъри, пъæмидор æмæ адджын цывзы. Фæлæ уæгъд зæххытæ нæй, уымæ гæсгæ пайда кæндзысты субарендæйæ.

Пандемийæйы рæстæг йæ куыст чи нæ баурæдта, фæлæ ма йæ чи фæуæрæхдæр кодта, уыдонæй иу у цырагъы рухсытæ кæнæг куыстуат. Уыдон райдыдтой аразын уæлдæф сыгъдæггæнæнтæ æмæ сæ республикæйæ дарддæр æлхæнынц æндæр регионты дæр.

Бынæттон рухсгæнæнтæй пайда кæнынц скълæдты, офисты æмæ æндæр рæтты. Ноджы ма рухс кæнынц фæндаджы былгæрæттæ æмæ хъæуты уынгтæ. Æмæ эпидемиологон зын уавæр нæ хынцгæйæ архайынц, цæмæй сæ рауагъдад фæуæрæхдæр уа.

Зæгъæн ис, æмæ пандемийæ иуæй-иутыл хуыздæрырдæм фæзынд. Уымæн æмæ сæ архайд уыромгæ нæ, фæлæ ма йæ фæуæрæхдæр кодтой.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania