филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:38 суббота, 20 апреля 2024
16 ноября 2022, 11:38
Йе нтыстдзинæдтæ адæймаджы дисы æфтауынц

Габысаты Альберт æркъæдз кæны тебæтæ, атоны рæхыстæ, дæндæгтæй йæ фæстæ аласы æфсæнвæндаджы техникæ, æрæджы та сæвæрдта йæ ног рекорд

Йе нтыстдзинæдтæ адæймаджы дисы æфтауынц. Габысаты Альберт æркъæдз кæны тебæтæ, атоны рæхыстæ, дæндæгтæй йæ фæстæ аласы æфсæнвæндаджы техникæ, æрæджы та сæвæрдта йæ ног рекорд. Спортсмен 8 метры йæ фæстæ аласта 36 тонны. Равдыста, адæймаджы гæнæнтæ куыд æгæрон сты, уый. Æвдисæн ын уыди не сфæлдыстадон къорд дæр. Дарддæр радзурдзæн Касаты Наирæ.

Цалдæр секунды разминкæ æмæ Габысаты Альберт райдыдта ног рекорд сæвæрыныл архайын. Атлет йæ хъарутæ æрæмбырд кодта æмæ  КАМАЗ æмæ УРАЛ сызмæлдысты сæ бынатæй. Сæрмагонд машинæты иумæйаг уæз 36 тонны. Уыимæ, спортсменæн йæхи уæз у æрмæстдæр 90 кг. 52 аздзыд Габысаты Альберт уæзласæн машинæтæ йе уæхсчытыл йæ фæстæ аласта 8 метры. Радон хатт рекорд æвæрд æрцыди.

Габысаты Альберты спортивон фæндаг райдыдта уæззау атлетикæйæ. Уый фæстæ спортсмен рахызти хъæбысхæсты æртæ хуызмæ. Фæстаг азты та йе ргом раздæхта экстриммæ. Ныр 5 азæй фылдæр Альберт æвдисы адæймагæн йæ хъару бирæ у, фæндгæйæ бакæна, уый йеддæмæ.

Кæддæр спортсмен йе спортивон гæнæнтæ раиртæста, къалиндартæ æнцонтæй скъуынгæйæ цæфхæдтæ æмæ тебæтæ къæдз кæнгæйæ. Уый фæстæ куыд рабæрæг, афтæмæй æнцонтæй йæ бон баци уæззау техникæимæ архайын дæр. Уæзæгтæ исæг мæнæ хæцы дыууæ мотоциклыл, æмæ сæ ацæуын нæ уадзы. Ам та дæндæгтæй ласы æфсæдвæндаджы техникæ. Иу хаттæй иннæмæ æфтауы йе нтыстдзинæдтыл.

Ног рекордтæ сæвæрынмæ Альберт цæттæ кæны, сæрмагондæй цы программæйыл бакуыста, уымæ гæсгæ. Спортсмены хъуыдымæ гæсгæ адæймаджы гæнæнтæ сты æгæрон. Йæхи дæнцæгæй сæ æвдисгæ дæр кæны. Йæ æппæт трюктæ æххæст кæны йæ астæуыстæджы састы фæстæ. Къорд рæстæг дзæбæх кодта йæхи, æмæ уый фæстæ бавнæлдта ног тыхтимæ.

Габысаты Альберт йæ радон æнтыстмæ йæхи фæцæттæ кæны иу кæнæ дыууæ къуырийы. Рекордты чиныг аразджытæ атлетмæ цалдæр хатты бахастой фæндон, цæмæй йын йе нтыстдзинæдтæ фæнысан кæной. Фæлæ, уый спортсмен æппæтæй стырдæр хæсыл нæ нымайы.

Ныртæккæ уæзæгтæисæг йæ размæ вæры ног хæстæ. Хъуамæ сæвæра ног рекорд. Уымæй ма иу хатт равдисдзæн, адæймагæн йæ бон бирæ фылдæр кæй у, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania