филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:44 вторник, 30 апреля 2024
04 апреля 2024, 11:29
Къадзты Фиалетæ тренеры куыст ныр 50 азы

Йæ ахуырдзауты хсæн ис Уæрæсейы, Европæйы, Дунейы æмæ суанг Олимпаг хъæзтыты чемпионтæ дæр

Къадзты Фиалетæ 12-аздзыдæй æрбацыд фехтованимæ, 20 азы йыл куы цыд, уæд та фыццаг хатт сси æвзонг рапиристкæты ахуыргæнæг. Тренеры куыст ныр 50 азы. Йæ ахуырдзауты хсæн ис Уæрæсейы, Европæйы, Дунейы æмæ суанг Олимпаг хъæзтыты чемпионтæ дæр. Йæ хъомылгæнингтæй бирæтæ бафæзмыдтой Къадзты Фиалæйы цардвæндаг æмæ систы тренертæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Бæлвырд æмæ зын змæлдтæ. Фехтованийы техникæ домы дæргъвæтин ахуырад. Æрвылбон 4 сахатгай тренировкæтæ фæллайын нæ кæнынц, фæлæ разæнгард кæнынц стыр къахдзæфтæй æвæрд нысанмæ цæуынмæ. Ацы ахсджиаг хъуыддаджы æвзонг фехтовальщицæтæн æххуыс кæны Цæгат Ирыстоны иугонд командæйы сæйраг тренер – Къадзты Фиалетæ. Тренеры архайды 50 азмæ схъомыл кодта спорты 20 мастерæй фылдæр. Йæ сæйраг æнтыстдзинад та сси йæ хъомылгæнинаг Санаты Аидæйы Олимпаг уæлахиз.

Йæ хъомылгæнинæгты тыххæй Къадзты Фиалæ дзуры стыр уарзондзинадимæ, йæ ахуырдзаутæ та йæ хонынц сæ дыккаг мад. Ахуыр сæ кæны сæ къухтæ ма руадзыныл æмæ æвæллайгæйæ кусыныл. Алкæимæ дæр лæмбынæг ахуыр кæны фæлтæрæнтæ æмæ æххуыс кæны спортсменкæтæн сæ курдиат раргом кæнын.

Къадзты Фиалæйы хъомылгæнинæгтæй бирæтæ сфæнд кодтой йæ профессионалон фæндаг бафæзмын – сæ цард тренеры архайдимæ сбæттын. Фехтованийы ацы сæрмагонд техникæ ног фæлтæртæм ахæццæ кодтой Уырысты Фатимæ, Хъараты Алинæ, Хъыбызты Ритæ. Афтæмæй æнтысы бахъахъхъæнын ацы спорты традицитæ.

Къадзты Фиалетæ у Уæрæсейы сгуыхт тренер, хорзæхджынгонд у, «Фыдыбæстæйы раз æнтыстдзинæдты тыххæй» 2-аг къæпхæны ордены майданæй. 50 азы профессийы уæвгæйæ, равзæрд цардвæндагыл никуы фæфæсмон кодта. Йæ куыст уарзгæйæ, Къадзты Фиалæ ма æнæмæнг схъомыл кæндзæн æнтыстджын спортсменты цалдæр фæлтæры.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania