06 марта 2025, 10:37
Калоты Георгийы номарæн республикон турнир стъолыл теннисæй арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы
Архайдтой дзы 8 командæйы астæуккаг профессионалон ахуыргæнæндæттæй
«Сырх стъалыйы» ордены кавалер Калоты Георгийы номарæн республикон турнир стъолыл теннисæй арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы бирæвæрсыг техникумы. Архайдтой дзы 8 командæйы астæуккаг профессионалон ахуыргæнæндæттæй. Уæвгæ, бирæвæрсыг техникумы стъолыл теннисæй турнир цæуы ныр 5-æм хатт. Йæ байгом кæныны кадджын мадзалы фæсивæдæн радзырдтой æфсæддон-интернационалист, техникумы рауагъдон Калоты Георгийы хъæбатырдзинады тыххæй. 5-æм мартъийы бæрæг кодтаид йæ райгуырæн бон. Номарæн мадзалы ма архайдтой ахуырады министрады, хæстон æфсымæрады минæвæрттæ, Дзæуджыхъæуы префектурæйы кусджытæ, студенттæ, стæй Калоты Георгийы фырт æмæ хæстæджытæ.




