филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:21 пятница, 19 июня 2026
02 июня 2026, 10:33
Керчелаты бинонты лæппутæ хъазты хуызы зонгæ кæнынц æвзагимæ

Мадæлон æвзаг уарзын, кад кæнын æмæ йæ парахат кæнын

Мадæлон æвзаг уарзын, кад кæнын æмæ йæ парахат кæнын. Ахæм фæткыл хæст сты Керчелаты бинонтæ. Хъомыл кæнынц 3 сывæллоны. Лæппутæ хъазты хуызы зонгæ кæнынц æвзагимæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Афтæ хъазгæйæ, дыууæаздзыд Тугъан ахуыр кæны мадæлон æвзаг. Керчелаты хæдзары сывæллæттæ ирон æвзаг хъусынц сæ райгуырдæй фæстæмæ. Тугъанæн ис хистæр æфсымæртæ – 6-аздзыд Батырбег æмæ 4-аздзыд Кермен. Кæрæдзимæ дзурынц æрмæстдæр дыгуронау. Сæ мад Розæйы ныхæстæм гæсгæ, ахсджиаг уыд бацархайын, цæмæй сын сæ мадæлон æвзаг суа сæйраг.

Керчелаты хæдзары сæрмагонд бынаты *вæрд сты чингуытæ. Аргъæуттæ, æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ мадæлон æвзагыл арæх фæкæсынц иумæ. Кæд цæвæрдæр чиныг ирон æвзагыл хæдзары не ссарынц, уæд ын йæ мидис Розæ йæхæдæг фæтæлмац кæны.

Керчелаты Розæ куыд фæбæлвырд кодта, афтæмæй, кæстæртимæ дзургæйæ, йæхи зæрдыл æрлæууынц, ныр цы ныхæстæй нал пайда кæнæм, фæлæ сывæллон уæвгæйæ, йæ хистæртæй кæй хъуыста, уыдон. Нымæцон технологиты дуджы мадæлон æвзаг ахуыр кæнынæн æххуыс сты ирон æвзагмæ тæлмацгонд зындгонд мультипликацион кинонывтæ. Уарзон хъайтартæй мадæлон æвзагыл ныхæстæ хъусын кæстæртæн хæссы æхсызгондзинад, зæгъы бирæсывæллонджын мад.

Сывæллæтты хъомыл кæнын æххуыс кæнынц нанатæ æмæ бабатæ. Хистæр фæлтæр æрхъуыды кæны рохгонд дзырдтæ. Керчелаты Розæйы хъуыдымæ гæсгæ, мадæлон æвзаг бахъхъæнæн нæй, дзургæйыл куы нæ кæнай, уæд. Ирон æвзагмæ ахæм зæрдиаг ахастæн ис хатдзæг. Хистæр фырт Батырбег сси, журнал «Ногдзау» цы æмдзæвгæты конкурс сарæзта»Люблю тебя, осетинский язык», зæгъгæ, уый уæлахиздзау.

Керчелаты бинонтæ цæсты гагуыйау хъахъхъæнынц æрмæст мадæлон æвзаг нæ, фæлæ йемæ баст традицитæ – хистæртæн кад кæнын, æгъдæуттæ æххæст кæнын. Уарзондзинад адæммæ, æвзагмæ, республикæмæ райдайы сывæллон йæ райгуырдæй фæстæмæ йæ бинонты *хсæн цы ныхæстæ æмæ аргъæуттæ фæхъусы, уыцы хуымæтæг хъуыддæгтæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania