филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:59 пятница, 17 мая 2024
02 сентября 2021, 11:38
Кобесты Чермен Паралимпиадæйы сси бронзæ майданы хицау

Хæрзиуæг йæ къухы бафтыд, 400 метры разгъорынæй инвалид спортсменты хсæн

Кобесты Чермен Паралимпиадæйы сси бронзæ майданы хицау. Хæрзиуæг йæ къухы бафтыд, 400 метры разгъорынæй инвалид спортсменты хсæн. Финалы Ирыстоны минæвар сæвæрдта йæхи ног рекорд – 50 секундæй гыццыл фылдæрмæ. Уый фæрцы йын бантыст райсын ацы хъæзтыты фыццаг майдан. Ног дунеон рекорд йæ уæлахизæй сæвæрдта уæрæсейаг спортсмен Андрей Вдовин дæр. Кобесты Чермен йæ майдан снывонд кодта йæ мадæн. Уый йæ цардæй ахицæн 6 азы размæ. Финишы фæстæ,  Чермен йæ уæлæ скодта йæ мады къамимæ хæдон. Абон та Чермен йæхи бафæлвардзæн ноджыдæр иу  дисциплинæйы – дæргъмæ гæпп кæнынæй.  Хынцæгты Хетæг та уыцы спорты хуызы бацахста цыппæрæм бынат.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania