06 мая 2020, 16:22
Коронавирусæй рынчын адæмы нымæц схæццæ 1342 адæймаджы онг
Фæстаг суткæмæ ма вирус рабæрæг кодтой ноджыдæр 89 адæймагмæ
Коронавирусæй рынчын адæмы нымæц Цæгат Ирыстоны схæццæ 1342 адæймаджы онг. Уый тыххæй абон фехъусын кодта фæлхасадмæ цæстдарды управленийы пресс-службæ. Фæстаг суткæмæ ма вирус рабæрæг кодтой ноджыдæр 89 адæймагмæ. 1080 рынчынмæ дохтыртæ сæ цæст дарынц хæдзæртты. 56-æй сты рынчындæтты, 197 сдзæбæх сты, 9-æй амардысты. Æдæппæтæй дохтырты цæстдарды сты Цæгат Ирыстоны 1638 адæймаджы. Хи изоляцийы фæткæй ист æрцыдысты 2847-æй.