филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:20 среда, 01 мая 2024
02 августа 2023, 12:14
Космонавтикæйы скъолайы фæзындзæн сæрмагонд кълас

Уроктæ дзы цæудзысты ирон æвзагыл

Космонавтикæйы скъолайы фæзындзæн сæрмагонд кълас. Уроктæ дзы цæудзысты ирон æвзагыл. Кълас байгом кæндзысты сентябры. Ахуыр дзы кæндзысты Алайнаг гимназы хъомылгæнинæгтæ – 20 сывæллоны. Афтæмæй фæнд кæнынц национ программæ фæтыхджындæр кæнын. Космонавтикæйы скъолайы куыд радзырдтой, афтæмæй ахæм кълас байгом кæнын уыд скъолайы бындурæвæрæг Къомайты Русланы бæллиц. Фæндыд æй, цæмæй дзы фыццаг урок йæхæдæг скæна, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania