филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:13 среда, 22 мая 2024
12 января 2021, 12:09
Куырттаты комы Хæрисджыны хъæумæ хæстæг хъæды цы зынгсирвæзт æрцыд, уый æвæстиатæй ахуыссын кодтой

Зын бацæуæн рæтты ма фæздæг кæлы

Куырттаты комы Хæрисджыны хъæумæ хæстæг хъæды цы зынгсирвæзт æрцыд, уый æвæстиатæй ахуыссын кодтой. Зын бацæуæн рæтты ма фæздæг кæлы. Фыййагдоны администрацийы сæргълæууæг Гуыриаты Валерийы ныхæстæм гæсгæ, зынгхуыссын кæныныл куыстой Æнæнхъæлæджы цауты министрады кусджытæ, хъæды хæдзарады минæвæрттæ æмæ бынæттон цæрджытæ. Зынгсирвæзт æрцыд мин æмæ 500 квадратон метры фæзуатыл.  Арт хъæдæй апарахат бынмæ, Хæрисджыны онг. Фæлæ хъæуæн  зиан æрхæссын нæ бауагътой, афойнадыл æй ахуыссын кодтой. Зындзинад сын æвзарын кодта дымгæ æмæ æртдзæсттæ зын бацæуæн бынæтты кæй уыдысты, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania