филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:25 среда, 08 мая 2024
26 февраля 2021, 13:05
Лæппынæгты Аслан бацахста 3-аг бынат Тель-Авивы турнир дзюдойæ «Большой шлем»-ы

Фарон ацы турниры уыд хуыздæрты хсæн, æмæ ныфс уыд ацы хатт дæр æнтыстджындæр кæй разындзæн

Тель-Авивы ацыд турнир дзюдойæ «Большой шлем», уым цæгатирыстойнаг спортсмен Лæппынæгты Аслан йæхи уæзы – 81 килограммы онг бацахста 3-аг бынат. Фарон ацы турниры уыд хуыздæрты хсæн, æмæ ныфс уыд ацы хатт дæр æнтыстджындæр кæй разындзæн. Ерысты агъоммæйы къæпхæны фæуæлахиз молдовайнаг спортсмен Каталин Марианæйыл æмæ Казахстаны минæвар Дидар Хамзуйыл. Финалы цыппæрæм хайы та æнцонтæй фæуæлахиз ноджы тыхджындæр спортсмен, 2019-æм азы Европæйы чемпион æмæ ныры вице-чемпион, бельгиаг Матиасс Кассейыл. Фæлæ æрдæгфиналы не мзæххон фæхæрд ирайнаг спортмен Саид Моллаивæн, уый уыд Монголийы иугонд командæйы хыгъды. Фæлæ уæддæр 3-аг бынатыл ерысгæнгæйæ Лæппынæгты Аслан нымад æрцыд уæлахиздзауыл. 3-æм минуты бритайнаг богал Стюарт МакУотт куы абырста, уæд йæхи æвзæр банкъардта æмæ фембæлд урæд æрцыд. Афæтæмæй Лæппынæгты Аслан кæд фæуæлахиз, уæддæр зæгъы йæ хъæбысæйхæцты хæрзхъæддзинадыл кæй хъæуы бакусын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania