филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:51 понедельник, 06 мая 2024
27 апреля 2022, 10:32
Легендарон «Кармен» республикæйы культурæйы колледжы студенттæ сæвæрдтой Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры сценæйы

Жорж Бизе æмæ Родион Щедрины музыкæмæ гæсгæ, хореографион спектакль сæвæрдта литвайаг режиссер-хореограф  Анжелика Холина

Легендарон «Кармен» республикæйы культурæйы колледжы студенттæ сæвæрдтой Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры сценæйы. Жорж Бизе æмæ Родион Щедрины музыкæмæ гæсгæ, хореографион спектакль сæвæрдта литвайаг режиссер-хореограф  Анжелика Холина. Студенттæ йыл бакуыстой Мариинаг театры сæйраг балетмейстер Суанты Валерийы разамындæй æмæ йæ æнтыстджынæй рахастой ирыстойнаг аивадуарзджыты размæ. Анжелика Холина ацы спектакль нæ республикæйæн балæвар кодта цалдæр азы размæ. Суанты Валерийы ныхæстæм гæсгæ, ацы спектакль сси иттæг хорз гæнæн фæсивæдæн сæ актерон курдиат равдисынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania