Æркасты архайынмæ нæ республикæмæ æрбацыдысты мин вокалисты онг Уæрæсейы алы рæттæй
Телеканал «Россия» æмæ «ВайТ Медиа»-йы легендарон шоу «Ну-ка, все вместе!»-йы егъау марафон-æртыккаг «Адæмон кастинг» арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы. Æркасты архайынмæ нæ республикæмæ æрбацыдысты мин вокалисты онг Уæрæсейы алы рæттæй. Традицимæ гæсгæ 10 музыкалон эксперты байхъуыстой хуыздæр зарæггæнджытæм. Экспертты хсæн зындгонд артисттæ Сергей Лазарев, Николай Басков, Этери Бериашвили æмæ æндæртæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, конкурсанттæн се нкъарæнтæ æмбæхсын тынг зын уыди. Фæлæ се ппæты дæр иу кодта, финалмæ бахауыны бæллиц. Зæгъын хъæуы уый, æмæ иттæг хорз цæттæдзинадыл бакуыстой специалисттæ. Рухс, камерæтæ, профессионалон кусæнгæрзтæ. Иу дзырдæй – алы æмбæлгæ уавæртæ, цæмæй кастинг ацæуа бæрзонд æмвæзадыл. Сæйраг эксперттæ баззадысты разыйæ. Сæхæдæг дæр æххуыс кодтой конкурсанттæн. Афтæмæй Дзæуджыхъæуы кастинг цыди 9 сахатæй фылдæр. Разæй ма ахæм æркастытæ арæзт æрцæудзысты æртæ горæты – Хъазаны, Пермы æмæ Самарæйы.




