филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:29 понедельник, 02 ноября 2026
01 сентября 2026, 10:45
Лескены реконструкци кæнынц цæугæдоны сæрты хид

Ис фæндаг «Дзæуджыхъæу-æрыдон-Цыкола-Лескен 2»-йы 88-æм километры

Лескены реконструкци кæнынц цæугæдоны сæрты хид. Ис фæндаг «Дзæуджыхъæу-æрыдон-Цыкола-Лескен 2»-йы 88-æм километры. Машинæтæ цæуынæн дзы уыдзæн 2 рæнхъы. Алкæцыйы уæрх дæр уыдзæн 3 æмæ рдæм метры. Специалисттæ ма бацæттæ кæндзысты æдасдзинады рæнхъ, скæндзысты рухсытæ. Сæрмагонд æргом здæхт цæуы донвæды куыстытæм. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Кусджытæ реконструкци кæнынц Лескены цæугæдоны сæрты хид – зæронд объект фæлæггад кодта 60 азы бæрц æмæ нырыккон домæнтæн дзуапп нал дæтты. Ног хид уыдзæн 5 хайæ конд, йæ дæргъ 106 метры. Уыдзæн змæлды 2 рæнхъы, дыууæрдыгæй дæр æфсæн бырутимæ тротуартæ. Сæйраг куыстытæм бавнæлдтой фарон. Специалисттæ ныридæгæн 20 метры онг арфы сæвæрдтой цæджындзтæ, фидар кæнынц конструкцитæ æмæ бындур бетонæй дзаг кæнынц.

Сæрмагонд æргом аразджытæ здахынц донвæды куыстытæм. Бындурон цæджындзтæ ам хъæуынц æдасдзинад æххæст кæнынæн. æдæппæтæй республикæйы фæндæгтыл ис 178 хиды. Фæстаг азты уыдонæй 30-ы бæрц реконструкцигонд кæнæ та ногæй арæзт æрцыдысты. Ахæм объектты иумæйаг дæргъ у мин авдсæдæ метры онг.

Куыстытæ куы фæуой, уæд Лескены цæугæдоны сæрты хиды фæрцы регионалон трассæйы ацы уаццагыл цыд суыдзæн æдасдæр æмæ æнцонвадатдæр.

Арæзтад цæуы нацпроект «Цæрдæн инфраструктурæ»-мæ гæсгæ. Объект сцæттæ кæнын фæнд кæнынц ацы азы кæронмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania