филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:32 воскресенье, 19 мая 2024
26 апреля 2023, 12:09
Луковскæйы культурæйы хæдзары арæзт æрцыдысты дæсныйадæвдисæг ахуыртæ куклатæ аразынæй

Валентина Якубина æмæ Елена ДубовскАя сты хъазахъхъаг адæмон ансамбль «Терцы»-йы солисткæтæ, фæлæ сæ уæгъд рæстæг æрвитын уарзынц æрмдæсныйады куыст кæнгæйæ

Мæздæджы районы станицæ Луковскæйы культурæйы хæдзары арæзт æрцыдысты дæсныйадæвдисæг ахуыртæ куклатæ аразынæй. Валентина Якубина æмæ Елена ДубовскАя сты хъазахъхъаг адæмон ансамбль «Терцы»-йы солисткæтæ. Фæлæ сæ уæгъд рæстæг æрвитын уарзынц æрмдæсныйады куыст кæнгæйæ. Мастертæ радзырдтой рагон уырыссаг æрмдæсныйады хуызты тыххæй. Круповички, травницы, хæдзары фарн, бæркад æмæ алы низтæй хъахъхъæнджытæ. Цыбыр дзырдæй куклайæн уыд цалдæр нысаниуæджы. Бафиппайын хъæуы уый, æмæ рагон куклатæ аразыны фæтк дæттынц иу фæлтæрæй инннæмæ. Валентина Якубина кæстæртæн радзырдта ацы æрмдæсныйады сусæгдзинæдты тыххæй. Куыд загъта, афтæмæй æппæты зындæрыл нымайы алыхуызон хъуымæцтæ кæрæдзиимæ сфидауын кæнын. Фæлæ архайы, æмæ йын æнтысы. Елена ДубовскАя та иттæг хорз зоны, фабрикæты конд, советон рæстæджы куклаты рацарæзты сусæгдзинæдтæ. Рохуаты чи аззад, уыцы хъазæнтæ сног кæны, бахуыйы сын уæлæдарæс, суанг ма сын сæ дзыккутæм дæр базилы. Афтæмæй куклатæ, зæгъæн ис, æмæ райсынц дыккаг цард.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania