филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:09 вторник, 07 мая 2024
19 апреля 2022, 10:18
Мæйы размæ агурæн куыстыты рæстæг, Дигорайы зæронд уæлмæрдты сбæрæг сырхæфсæддон Залеты Михалы цыртдзæвæн

Фæлæ йæ бахъыгдардтой уарынтæ æмæ тыхджын дымгæ, йæ алфамбылай территори та бæлæстæй нал зыны, ирвæзынгæнæн операци сæхимæ райстой бархионтæ

Бахъахъхъæнын кæй хъæуы, уыцы истори. Мæйы размæ агурæн куыстыты рæстæг, Дигорайы зæронд уæлмæрдты сбæрæг сырхæфсæддон Залеты Михалы цыртдзæвæн. Уый у зындгонд скульптор Едзиты Сослæнбеджы куыстытæй иу. Зын бауырнæн у, фæлæ цыртдзæвæн хорз хъахъхъæд æрцыд. Фæлæ йæ бахъыгдардтой уарынтæ æмæ тыхджын дымгæ. Йæ алфамбылай территори та бæлæстæй нал зыны. Ирвæзынгæнæн операци сæхимæ райстой бархионтæ. .

Къамис рахаста хатдзæг — цыртдзæвæн хъæуы æвæстиатæй аирвæзын кæнын. Ацы сырхæфсæддоны монумент у Едзиты Сослæнбеджы конд. Ис Дигорайы уæлмæрдты æмæ йæ зонынц бынæттон цæрджытæ æмæ ирасджытæ. Фæлæ цыртдзæвæн иунæг документы дæр æвдыст нæу. Мартъийы бархионтæ ныссыгъдæг кодтой ингæн æмæ йæ равдыстой æхсæнадæн.

Цыртдзæвæн куыд хорз уавæры баззад, уый дисы æфтауы. Едзийы-фырты куыстытæ сты нæ республикæйы алы рæтты, фæлæ сыл рæстæг, къæвда æмæ дымгæ нæ бацауæрзтой. Залеты Михаил йæ цардæй ахицæн 1924 азы, фæлæ йæ хуыз уæлдай хуызон нæ фæцис.

Æппæты фыццаг уал расыгъдæг кодтой къудзитæ æмæ бæлæстæ. Габойты Людмилæ куыд зæгъы, афтæмæй уал баныхас кодтой Мæскуыйаг реставратортимæ. Ныр та уал хъæуы сбæлвырд кæнын, куыстытæн æхца кæм уыдзæнис, уый.

Уæлмæрдтæ куы ныссыгъдæг кодтой, уæд историон факультеты студенттæ сфæнд кодтой Залеты сырхæфсæддоны истори сног кæнын. Сæ фæнд сæ къухы бафтыд.Залеты Вячеславы сæрак хызыны æмбырдгонд сты сæ бинонты рагон къамтæ. Йæ баба уыдис сырхæфсæддон Михаилы хæрзæфсымæр. Чысыл лæппуйæн йæ рагфыдæлы тыххæй арæх дзырдта йæ нана Ольгæ. Уый дæр уыдис хæсты æмæ ныххæццæ суанг Берлинмæ.

Нырма уал Залеты Михаилы цыртдзæвæн ис фервæзын кæнын. Фæлæ, хъыгагæн, рæстæг бирæ нал баззад.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania