Балц æххæстгонд æрцыд ныфсхаст хæстоны райгуырæн боны кадæн номарæн мадзæлттæм гæсгæ
Мæскуыйæ Дзæуджыхъæумæ ссыдысты, Уæрæсейы Хъæбатыр Андрей Днепровскийы номыл æвзонг денджызон фистæгæфсæддонты клубы чи хъомыл кæны, 12 ахæм кадеты. Балц æххæстгонд æрцыд ныфсхаст хæстоны райгуырæн боны кадæн номарæн мадзæлттæм гæсгæ. Кадеттæн сарæзтой ерыстæ мысан æхсынæй æмæ Калашниковы автомат æмбырд кæнынæй æмæ райхалынæй. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Ацы фæсивæдæн хæстон цæттæдзинад сси се рвылбон царды хай. 11-æмкъласон Михаил Новиков Уæрæсейы Хъæбатыр Андрей Днепровскийы номыл æвзонг денджызон фистæгæфсæддонты клубмæ æрбацыд 6 азы размæ. Куыд зæгъы, афтæмæй æфсæддон службæ уыд йæ бæллиц сабибонтæй. Цæгат Ирыстонмæ ссыд ныфсхаст хæстоны райгуырæн боны кадæн номарæн мадзæлттæм гæсгæ. Андрей Днепровскийы сгуыхтдзинады тыххæй клубы арæх фæдзурынц. Михаилæн уый у лæгдзинады æцæг дæнцæг. Фидæны фæнд кæны йæ цард æфсæддон хъуыддагимæ сбæттын.
Æддæпæтæй Дзæуджыхъæумæ Мæскуыйæ ссыд 12 кадеты. Цæгат Кавказы суворовон æфсæддон училищæйы бындурыл сын бацæттæ кодтой сæрмагонд программæ. Ерыс кодтой суворовонтимæ Калашниковы автоматы макет æмбырд кæнынæй æмæ райхалынæй. Архайджытæ сæ тыхтæ бавзæрстой мысæн æхсынæй дæр. Кадеттæ бакуыстой ахуырадон тренажерыл.
Ацы балцæн сæрмагонд нысаниуæг дæтты, æвзонг денджызон фистæгæфсæддонты клуб кæй ном хæссы, уый. Андрей Днепровский уыд прапорщик. Йæхи ныфсхастæй равдыста Цæцæны Республикæйы хæстон хæстæ æххæстгæнгæйæ. Йæ амæлæты фæстæ йын саккаг кодтой Уæрæсейы Хъæбатыры ном. Балц сарæзта йæ мад Татьяна. Йæ фырты намыс бахъахъхъæныныл ахадгæйæ архайы.
Æвзонг денджызон фистæгæфсæддонтæ суворовонтимæ училищæйы кæрты ныссагътой ног талатæ, куыд фæлтæрты бастдзинады æмæ хъæбатыры сгуыхтдзинадæн кады нысан. 6-æм майы Андрей Днепровскийыл сæххæст уыдаид 55 азы.




