филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:48 суббота, 04 мая 2024
18 мая 2023, 11:32
Мæскуыйы арæзт æрцыд, англисаг æвзагмæ тæлмацгонд, Абайты Васойы «Историон-этимологон дзырдуаты» æртыккаг томы презентаци

Мадзалы фæлгæты ма фембæлд уыд тæлмацгæнæгимæ, преми «Булæмæргъы»-ы лауреат Олег Беляевимæ

Мæскуыйы ирон æхсæнады арæзт æрцыд, англисаг æвзагмæ тæлмацгонд, Абайты Васойы «Историон-этимологон дзырдуаты» æртыккаг томы презентаци. Мадзалы фæлгæты ма фембæлд уыд тæлмацгæнæгимæ, преми «Булæмæргъы»-ы лауреат Олег Беляевимæ. Литературон фембæлды раныхас кодтой наукон æхсæнады минæвæрттæ. Ирон æвзаджы фундаменталон «Историон-этимологон дзырдуат» арæзт у 5 томæй. Зæгъæн ис, æмæ у Абайты Васойы егъаудæр куыстытæй иу. Ирдæй дзы бæрæг дары ирон дзырдты равзæрд æмæ истори. Уымæй дарддæр ма дзы фенæн ис ирон æвзаджы æддагон бастдзинæдтæ индоевропæйаг æмæ æндæр æвзæгтимæ. Дзырдуат цæттæ кæнгæйæ, зындгонд ахуыргонд æнцой кодта дунейы 190 æвзагыл.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania