филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:37 суббота, 04 мая 2024
13 декабря 2023, 11:42
Мæскуыйы арæзт æрцыд спортивон программæтæ аразыны уæрæсейаг чемпионат

Архайдтой дзы нæ республикæйы минæвæрттæ дæр

Мæскуыйы арæзт æрцыд спортивон программæтæ аразыны уæрæсейаг чемпионат. Архайдтой дзы нæ республикæйы минæвæрттæ дæр. Ирыстонмæ сластой 2-аг бынат. Уæлдай æхсызгон та уый у, æмæ Цæгат Кавказы Федералон зылды æрмæстдæр не мзæххонтæ систы уæлахиздзаутæ. Чемпионат Уæрæсейы ацыд фыццаг хатт. Программæтæ аразынæн ацы аз радтой спортивон статус, æмæ ныр уæлахиздзаутæн фадат уыдзæн спорты мастеры ном райсынæн. Чемпионаты архайджытимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд дæр, æмæ бакæсæм Тъехты Элинæйы сюжетмæ.

Бичилты Асланмæ компьютертæм уарзондзинад фæзынд скъоладзау уæвгæйæ. Лæппуйæн йæ уарзондæр предмет уыд информатикæ. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ цард цы дæсныйадимæ сбæтдзæн, уый æвзарыны афон куы рцыд, уæд ын баххуыс кодта йæ мад дæр.

Сæрмагондæй программæтæ аразын Аслан райдыдта 3 азы размæ. Уæрæсейы спортивон программæтæ аразыны чемпионаты тыххæй куы базыдта, уæд æй бафæндыд йæ тыхтæ бавзарын. Мæскуымæ ацыдысты æнæхъæн къордæй. Бакуыстой кибер хъахъхъæнынады курсытыл. Фæлæ сæ саразыны размæ уал базыдтой, адæмы хсæн куыд ахадгæ сты, уый. Лæппуты тренер Нартыхъты Александр куыд зæгъы, афтæмæй ерысты рагæй архайынц, уымæ гæсгæ сын Мæскуыйы дæр зын нæ уыд.

Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ Цæгат Кавказы Федералон зылды æрмæстдæр Ирыстоны минæвæрттæ систы уæлахиздзаутæ. Бацахстой 2-аг бынат. Уый та дзурæг у, факультет фæллой кæй кæны, ууыл – зæгъы факультеты декан Хъуылаты Руслан.

Спортивон программæтæ аразыны чемпионат Уæрæсейы ацыд фыццаг хатт. Æмæ кæд республикæйы иугонд командæ фыццаг бынат нæ бацахста, уæддæр равдыста хорз бæрæггæнæнтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania