филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:45 вторник, 03 ноября 2026
09 января 2025, 10:35
Мæздæджы æфсæддонты мемориалы цур арæзт æрцыд митинг, æмæ баст уыд, горæт немыцаг фашисттæй уæгъдгонд кæй æрцыд, уый 82 азы бонимæ

Æдзард хъæбатырты ном æрымысынмæ вокзалы цур фæзмæ æрæмбырд сты æфсæддон службæйы ветерантæ, районы ветеранты Советы уæнгтæ, хицаудзинады оргæнты минæвæрттæ, скъоладзаутæ

Мæздæджы æфсæддонты мемориалы цур арæзт æрцыд митинг, æмæ баст уыд, горæт немыцаг фашисттæй уæгъдгонд кæй æрцыд, уый 82 азы бонимæ. Æдзард хъæбатырты ном æрымысынмæ вокзалы цур фæзмæ æрæмбырд сты æфсæддон службæйы ветерантæ, районы ветеранты Советы уæнгтæ, хицаудзинады оргæнты минæвæрттæ, æхсæнадон организациты уæнгтæ, æвзонг æфсæддонтæ æмæ арæнхъахъхъæнджытæ, скъоладзаутæ. Бынæттон цæрджытæй бирæтæ æрбацыдысты æнæхъæн бинонтæй. 1942-æм азы августæй сентябры онг Теркаг хохы рагъыл, районы центрмæ хæстæг цыдысты карз тохтæ. Знаг бырста Грознайы æмæ Бакуйы нефтьмæ. Фæлæ ацы бынаты сæмбæлдысты тыхджын ныхмæлæудыл. Немыцæгтæ афæдзы мбисмæ хæстæг оккупаци скодтой, стратегион æгъдауæй ахсджиаг горæт. 3-æм январы карз тохты фæстæ фашисттæ сæ позицитæ суæгъд кодтой, æмæ Мæздæг уæгъдгонд æрцыд. 417-æм мысанæхсæн дивизийы хæстонтæ бæстыхæйттæй иуыл æрсагътой Уæлахизы Сырх тырыса. Ацы ахсджиаг бон фыст æрцыд нæ бæстæйы историйы. Æдзард хæстонты ном адæм æрымысыдысты, минут æдзæмæй алæугæйæ. Митинджы архайджытæ сæвæрдтой дидинджытæ Æнусон арты цур.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania