08 апреля 2021, 14:32
Мæздæджы арæзт æрцыд 10-æм юбилейон турнир дзюдойæ
Ссардтой дзы барадхъахъхъæнæг оргæнты æдзард кусджыты ном
Мæздæджы арæзт æрцыд 10-æм юбилейон турнир дзюдойæ. Ссардтой дзы барадхъахъхъæнæг оргæнты æдзард кусджыты ном. Стадион «Труд»-ы спортивон залы æрæмбырд сты æвзонг дзюдоисттæ нæ республикæйы районтæй, стæй ма уазджытæ Кæсæг-Балхъарæй, Цæцæны республикæйæ æмæ Стъараполы крайæ. Ерыстæ саразджытæ се ппæты зæрдыл æрлæууын кодтой алкæйы хъæбатырдзинады тыххæй дæр. Сæ хæстæджыты раз сын спортсментæ сæ ном æрымысыдысты минут æдзæмæй алæугæйæ. Мадæлтæн, идзæдзтæн, сæ кæстæртæн радтой, уæлахиздзаутæн хæрзиуджытæ раттыны бар. Фæсивæд ерыс кодтой алы кары къордты. Равдыстой сæ фæлтæрддзинад æмæ спортивон цæттæдзинад. æдæппæтæй ерысты архайдтой 300 æвзонг спортсмены.
темæмæ гæсгæ